Хуссар Ир сӕхгӕндзӕн йӕ арӕн Гуырдзыстонимӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры арӕн Гуырдзыстонимӕ
Хуссар Иры арӕн Гуырдзыстонимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕрогдӕргонд режимы уадзӕн пунктты куыст урӕд ӕрцӕудзӕн 19 сентябры райсомӕй

ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн Гуырдзыстонимӕ ӕхгӕд уыдзӕн 19-ӕй 22-ӕм сентябрьмӕ, хъусын кӕны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК).

"Ӕдасдзинады комитет хъусын кӕны, Республикӕйы боны цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты рӕстӕджы ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны нысанӕн 19 сентябры 9.00 сахатӕй фӕстӕмӕ рӕстӕгмӕ урӕд кӕй ӕрцӕудзӕн уадзӕн пунктты куыст", — дзырдӕуы хъусинаджы.

ПӔК-ы ма банысан кодтой, уадзӕн пункттӕ ӕрвылбонон режимы сӕ куыст кӕй райдайдзысты 22 сентябры 7.00 сахатӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0