Хуссар Ирыстоны милици рахызт службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæлæмхас посттæ æмæ милицийы къордтæ æвæрд æрцæудзысты мадзæлттæ уадзыны бынæтты, кæцыты развæлгъау басгардзысты сæрмагонд техникон фæрæзты руаджы

ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты органты кусджытæй 700-йæ фылдæр сифтонг кæндзысты уагæвæрд Республикæйы боны цытæн мадзæлттæ уадзыны рæстæджы, хъусын кæны МХМ-ы пресс-службæ.

Паддзахадон тырысайы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон нысан кæны Паддзахадон тырысайы бон

Республикæйы сырæзтыл 27 азы сæххæстæн нывонд мадзæлттæ уадзыны рæстæджы æхсæнадон уагæвæрд бахъахъхъæныны фарстыты фæдыл МХМ-ы æмбырды бакуыст æрцыд организацион-профилактикон мадзæлтты нывæзтыл. Уымæ гæсгæ, дыццæгæй фæстæмæ республикæйы МХМ-ы хисæрмагонд сконд рахызт службæ хæссыны фæтыхджындæргонд режиммæ.

"Мидхъуыддæгты органты кусджытæ сифтонг кæндзысты æхсæнадон уагæвæрд бæрæгбоны цытæн культурон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы. Уæлæмхас посттæ æмæ милицийы къордтæ æвæрд æрцæудзысты мадзæлттæ уадзыны бынæтты, кæцыты развæлгъау басгардзысты сæрмагонд техникон фæрæзты руаджы", — загътой пресс-службæйы.

Уымæй дарддæр ма, уæлдай хъусдард здæхт цæудзæн фæндæгты æдасдзинадмæ æмæ нозтджын шофырты раргом кæнынмæ, куыд горæты, афтæ ма уымæн æддейæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0