Хуссарирыстойнаг УУМ-ы ирвæзынгæнджытæ ссардтой фесæфæг дыууæаздзыд сывæллоны

© Sputnik / Наталья АйриянЛиса
Лиса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæаздзыд Къуылыхты Алиса ацыд хъæдмæ Къуылыхтыхъæуæй, цалдæр сахаты фæстæ йæ УУМ-ы ирвæзынгæнджытæ ссардтой бæласы бын бадгæйæ

ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны УУМ-ы ирвæзынгæнджытæ цалдæр сахат агуырды фæстæ ссардтой дыууæаздзыд Къуылыхты Алисайы, йæ фесæфты тыххæй фехъусын кодта йæ дада, загътой Sputnik УУМ-ы.

"Ивгъуыд хуыцаубон ирвæзынгæнæн службæйы иумæйаг номырмæ бацыд хъусынгæнинаг сывæллоны фесæфты тыххæй Къуылыхты хъæуæй. УУМ-ы кусджытæ сæ коллегæтимæ УУМ-ы Дзауаг дæлхайадæй райдыдтой агурæн мадзæлттæ хъæды, уымæн æмæ Алисайы бинонтæ цы хæдзары цæрынц, уый у æвæрд хъæдгæрон", — бамбарын кодтой УУМ-ы.

Учения МЧС РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры УУМ-ы ирвæзынгæнджытæ фервæзын кодтой "зианбаййафæджы"

Сывæллоны фесæфты тыххæй фæдис систа Алисайы дада. Сыхæгты ныхæстæм гæсгæ, сывæллон фесæфт кæртæй, цы ран хъазыд йæ дадайы цур.

"Нæлгоймаг фездæхт йæ кусæнгæрзтæм хæдзармæ æмæ сæ цалынмæ агуырдта, уæдмæ сывæллон ацыд кæртæй хъæдмæ", — радзырдтой сыхæгтæ.
УУМ-ы радзырдтой, сывæллоны кæй ссардтой хъæды, бæласы бын бадгæйæ.

"Саби бадт æнцад бæласы бын, бæгъæввадæй. Кæугæ нæ кодта, тарст дæр нæ уыд. Кæд æмæ хистæртæн сæ удæй сæ мидæг ницыуал аззад. Стыр амондæн, сабийыл нæ фембæлдысты хъæддаг сырдтæ, кæцытæ ацафон сарæх вæййынц хъæдты", — загъта уагдоны минæвар.

Ног хабӕртты лентӕ
0