Хуссар Ирыстон нысан кæны Республикæйы бон

© Sputnik / Наталья АйриянПарады репетици
Парады репетици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
1990 азы 20 сентябры хуссарирыстойнаг автономон областы адæмон депутаттæ расидтысты Советон демократон республикӕ Хуссар Ирыстон Советон Цæдисы сконды. Ацы датæ ссис Хуссар Иры сæйрагдæр паддзахадон бæрæгбæттæй сæ иу

ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстон æртыццæджы нысан кæны Республикæ расидыны 27 азы.

Автономон областы адæмон депутатты совет 1990 азы 20 сентябры расидт Советон демократон республикӕ Хуссар Ирыстон Советон Цæдисы сконды.

Зассеты Феликс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зассеты Феликс: Ирыстон чи куыд уарзы, афтӕ дзы цӕрынӕй бафсӕдӕт

Ацы уынаффæ ссис хæдбардзинад æмæ æхсæнадæмон нымадмæ фæндагыл фыццаг къахдзæфтæй иу. Республикæ расидыны уынаффæ уыд Гуырдзыстоны националистон къордтæ æмæ сæ партийы разамынады æндæвдадæн дзуапп.

Уый фæстæ райдыдта дæргъвæтин тох хæдбардзинады сæрвæлтау, кæцы балхынцъ ис 2008 азы хæсты æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы 'рдыгæй банымадæй.

Уæрæсейы фæстæ Хуссар Иры хæдбардзинад банымадтой ноджы цалдæр бæстæйы, се ʻхсæн — Венесуэла æмæ Никарагуа.

Республикæ расидыны бæрæгбон, традицимæ гæсгæ, нысан цæуы æфсæддон парадæй, кæцы райдайдзæн Цхинвалы театралон фæзуаты, уый фæстæ та æхсæнады минæвæртты демонстрацийæ "Ӕз хъусын фидæны зарæг".

Ноджы ма иу традици ссис этнографион бӕрӕгбон "Фыдӕлты бынтӕ" Къостайы хъӕуы, уым ма ӕрбайгом уыдзӕн "Цхинвайлаг Арбат" дӕр.

Изӕры Цхинвалы ацӕудзӕн паддзахадон ансамбль "Симд" ӕмӕ Уӕрӕсейы Националон гвардийы ансамблы иумӕйаг гала-концерт.

Ног хабӕртты лентӕ
0