Путин: Хуссар Ирыстон хъæбатыр тохы бахъахъхъæдта йæ сæрибардзинады бар

© Sputnik / Сергей Гунеев /  Ахизын медиабанкмæУФ президент В. Путин
УФ президент В. Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Владимир Путин бафидар кодта Уæрæсейы нывæзт Кавказы регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад бахъахъæныны фæдыл

ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийæн Республикæйы боны цытæн, хъусын кæны Кремлы пресс-службæ.

Республикæйы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Республикæйы бон банысан кодтой æфсæддон парадæй

Хуссар Ирыстон æртыццæджы нысан кæны Республикæ расидыныл 27 азы сæххæст, Цхинвал æмæ районты цæуынц бæрæгбонон мадзæлттæ.

"Ацы нысаниуæгджын бæрæгбон ссис хуссарирыстойнаг адæмы хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады символ, кæцы уæззау тохты бахъахъхъæдта сабыр царды йæ законон бар", — банысан кодта Путин арфæйы телы.

Уæрæсейы президент бæрзонд аргъ скодта дыууæ бæстæты æхсæн ахастыты æнтыстджын размæцыдæн æмæ бафидар кодта, Уæрæсе дарддæр дæр кæй кæндзæн алыварсон æххуыс Хуссар Ирыстонæн социалон æмæ экономикон райрæзты актуалон хæслæвæрдтæ скъуыддзаг кæнынæн, афтæ ма Кавказаг регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад ифтонг кæнынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0