БТК-4 бакодта Хуссар Иры дарæсы фирмæйон дукани

© Sputnik / Наталья АйриянМагазин БТК
Магазин БТК - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ссис дуканийы фыццаг æлхæнæг

ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik, Уалыты Диана. Цхинвайлаг хуыйæн фабрикæ БТК-4 бакодта фирмæйон дукани республикæйы цæрджытæн. Цытджын церемонийы хайад райста Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, кæцы раарфæ кодта фабрикæйы директор æмæ кусджытæн сæ архайды ног фæдыздæхты тыххæй.

"Фыццаджыдæр мæ фæнды зæгъын бузныг мæхи æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты номæй, "БТК-групп"-ы сæргълæууæг Боллоты Таймураз Хъазбеджы фыртæн, кæцы сарæзта 5000 куыстбынаты республикæйы цæрджытæн. Фæнды мæ зæгъын бузныг фабрикæйы чи кусы, уыдонæн дæр. Ӕнæ уæ куыстуарзондзинад æмæ тырнындзинадæй нæ уыдаид ацы дукани дæр", — загъта президент.

"БТК-групп"-ы директор Коцты Хъазбеджы ныхæстæм гæсгæ, фидæн аз уыдон нывæндынц саразын ноджы фылдæр куыстбынæттæ. Ныртæккæ фабрикæйы фæллой кæнынц 5 070 адæймаджы, фæлæ уыдон нымæц схиздзæн 5 220 кусæджы онг.

Бибылты Анатолий æмæ Коцты Хъазбег фабрикæйы кусджытимæ цытджын æгъдауæй алыг кодтой сырх лентæ æмæ бакодтой дуканийы дуæрттæ.

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий æмæ Коцты Хъазбег фабрикæйы кусджытимæ цытджын æгъдауæй алыг кодтой сырх лентæ
Магазин БТК - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий æмæ Коцты Хъазбег фабрикæйы кусджытимæ цытджын æгъдауæй алыг кодтой сырх лентæ

Дуканийы уæй кæндзысты нæлгоймаджы дарæс, афтæ ма кусæгон æмæ скъолайон дарæс, кæцытæ хуыд цæуынц цхинвайлаг филиалы. Фабрикæйы директор банысан кодта, ассортимент кæй кæндзæн уæрæхдæр.

Бибылты Анатолий йæ цæст æрæвæрдта хæдоныл æмæ ссис фыццаг æлхæнæг. Уый бахахх кодта, дуканийы æвæрд базайраг зæрдиагæй кæй агурдзысты æлхæнджытæ æмæ уыдзæн популярон.

"Ӕхсызгон нын у, нæ бон кæй уыдзæн раппæлын куысты бынæтты нымæцæй дæр æмæ рауадзгæ продукцийæ дæр. Ноджы дæр уын арфæ кæнын, ахæм диссаджы дуканийы æрбайгомы фæдыл", — загъта президент.

Ног хабӕртты лентӕ
0