Хуссар Иры хицауад сфидар кодта фæцæрыны минимум

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æхца
Уæрæсейаг æхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фæцæрыны минимум астæуккаг нымадмæ гæсгæ фæфылдæр ис иу мин сомы

ЦХИНВАЛ, 27 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад сфидар кодта сæйраг социалон-демографион къордтæм гæсгæ иу адæймаджы фæцæрыны минимум. Суагъæ мыхуыр æрцыд хицауады сайтыл.

Владикавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕцӕрыны минимум ӕмӕ иугонд номыр: министртӕ ауагътой радон ӕмбырд

2017 азы дыккаг кварталы фæцæрыны минимум иу адæймагæн лæууы 10 034, 30 сомы. Куыстхъом адæмæн — 10 843,82 сомы, пенсиисджытæн — 8 176,16, сабитæн— 10 830,28.

Ивгъуыд азы кæронæй ацы суммæ фæфылдæр иу мин сомы бæрц. Уæд фæцæрыны минимум уыд 9 923 сомы, пенсиисджытæн — 7 567 æмæ 9 865 сомы сабитæн.

Президент Бибылты Анатолий йе 'взæрстагъоммæ интервьютæй иуы банысан кодта, зæгъгæ, "афтæ хъæуы саразын, цæмæй куыстмызд ма уа фæцæрыны минимумæй æмæ куыстмызды минималон бæрцæй къаддæр. Мæн фидарæй уырны, ацы фарстæн алыггæн ис".

Ног хабӕртты лентӕ
0