Бибылты Анатолий тæрхондонон реформæйы тыххæй: алцыдæр хъуамæ ацæуа хорз

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент Бибылты Анатолий
Президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент ауагъта сæрмагонд æмбырд тæрхондонон системæйы рацарæзты тыххæй

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Тæрхондонон системæйы рацарæзты тыххæй закон октябры кæронмæ хъуамæ сфидар кæна хицауад æмæ æрвыст æрцæуа парламентмæ, загъта Бибылты Анатолий сæрмагонд æмбырды рæстæджы тæрхондонон системæйы рацарæзты фæдыл.

Рабадт уагъд æрцыд президентон администрацийы сæргълæууæг, Уæлдæр æмæ Арбитражон Тæрхондæтты сæрдæртты, генпрокурор, юстицийы министр æмæ закондзинад, закондæттынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады парламентон комитеты разамонæджы хайадистæй.

"Мах æмбарæм нæхи æмæ тæрхонгæнджыты бæрндзинад цы хъуыддæгтыл кусынц, уыдоны раз – экономикон æмæ уголовон. Рацарæзты æнæмæнгхъæуæгдзинад ис 2015 азæй фæстæмæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, цы æмгъуыд снысан кодтам — октябры кæронмæ хъуамæ сфидар кодта хицауад æмæ æрвыст æрцæудзæн парламентмæ — уый у æрцæуинаг хъуыддаг", — хъусын кæны президенты ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Хуссар Ирыстоны арæзт æрцæудзæн Коституцион тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны арæзт æрцæудзæн Коституцион тæрхондон

Бибылты Анатолий банысан кодта, тæрхондонон реформæйы рацарæзт кæй хъуамæ æрцæуа æнæ стыр хæрдзтæй, уымæн æмæ цыфæнды реформæ дæр баст у бæлвырд хæрдзтимæ.

"Рацарæзты реализаци хъуамæ тынг ма бандава тæрхонгæнджыты бюджетыл. Алцыдæр хъуамæ ацæуа лæгъз æмæ æнæ стыр хæрдзтæй", — бахахх кодта президент.

Тæрхондонон рацарæзты фарсты фæдыл закондæттæн æмæ æххæстгæнæн къабæзты æхсæн хъаугъайы тыххæй парламент ивгъуыд азы кæрон цалдæр хатт систа боны фæткæй 2017 азæн паддзахадон бюджеты фарст. Хъуыддаг ахицæн уымæй æмæ финансон документ райст æрцыд ахæм барастгæнинæгтимæ, зæгъгæ, тæрхондонон рацарæзты фæдыл мадзæлттæ балхынцъ уыдзысты 2018 азы 1 январы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0