Бибылты Анатолий Кадыровы тыххæй: хъаруджын къухдариуæггæнæг æмæ æцæг патриот

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæЦæцæны сæргълæууæг Рамзан Кадыров
Цæцæны сæргълæууæг Рамзан Кадыров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæцæны сæргълæууæг цыппæрæмы нысан кæны йæ райгуырæн бон, уый сæраппонд ын раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны президент

ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Хуссар Иырстоны президент Бибылты анатолий раарфæ кодта Цæцæны сæргълæууæг Рамзан Кадыровæн йæ райгуырæн боны цытæн, æмæ банысан кодта, уæрæсейаг регионы къухдариуæггæнæг кæй у "нысантырнæн æмæ хъаруджын къухдариуæггæнæг, æцæг патриот".

Рамзан Кадыров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рамзан Кадыров фембæлд сириаг оппозицийы минæвæрттимæ

Бибылты Анатолий банысан кодта, профессионалондзинад æмæ снысангонд хæслæвæрдты æнтыстджын реализаци кæй æрхастой Кадыровæн авторитет æмæ кад æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ уымæн æддейæ дæр.

"Нæ дызæрдыг кæнын, Дæ архайд Цæцæны республикæйы сæргъ кæй уыд æмæ дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзæн Цæцæны динамиконрайрæзт æмæ йæ цæрджыты фæрныгады рæзтæн", — хъусын кæны Бибылты Анатолийы ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0