Уæрæсе æмæ Хуссар Ир æруынаффæ кодтой æмгуыстадыл хъæууон хæдзарады къабазы

© Пресс-служба посольства РОЮ в РФ Уæрæсе æмæ Хуссар Ир æруынаффæ кодтой æмгуыстадыл хъæууон хæдзарады къабазы
Уæрæсе æмæ Хуссар Ир æруынаффæ кодтой æмгуыстадыл хъæууон хæдзарады къабазы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мæскуыйы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады министр æмæ Уæрæсейы хъæухæдзарады министры хæдивæджы фембæлд

ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. Хъæууон хæдзарады къабазы дыууæфарсон æмгуыстады райрæзты перспективæтыл æруынаффæ кодтой Мæскуыйы Хуссар Иырстоны хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев æмæ Уæрæсейы хъæухæдзарады министры хæдивæг Евгений Громыко, фехъусын кодтой майрæмбоны РХИ-ы минæварады пресс-службæ УФ-йы. 

Аннæ фарстытæй дарддæр ма, фембæлды æруынаффæ кодтой Хусссар Ирыстоны фос дарыны æмæ зайæгойты куысты райрæзты перспективæтыл, афтæ ма ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды къабазы æмгуыстадыл.

"Афтæ ма дзырд цыд, Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрады фондæй  хъæууонхæдзарадон техникæ рахицæн кæныныл æмæ хуссарирыстойнаг аграрон проектты реализацийы ахъазыл", — фехъусын кодтой дипломатон ведомствæйы пресс-службæйы.

Здание правительства обсуждение строительства Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры снысан кодтой хъæууон хæдзарады министры фыццаг хæдивæджы

Громыко равдыста цæттæдзинад хуссарирыстойнаг кадрты квалификаци фæбæрзонддæр кæнынæн феххуыс кæнын ацы фæззæджы.

Пухаты Лев загъта бузныг уæрææсейаг министры хæдивæгæн констуктивон фембæлды тыххæй æмæ ныфс бавæрдта, уæрæсейаг специалисттимæ æнгом æмгуыстадæй Хуссар Ирыстоны аграрон сферæйæн кæй уыдзæн эффективон æмæ динамикон райрæзт.

Хуссарирыстойнаг министр ма фехъусын кодта, президент Бибылты Анатолийы хъæппæрисæй республикæйы хъæууон хæдзарады министрады кадрон резервы æвæрд кæй æрцыдысты хъæууонхæдзарадон уæлдæр ахуырадон уагдæтты рауагъдонтæ æмæ студенттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0