"Юность России"-йы стох кæндзæн æртæ цхинвайлаг боксеры

© Sputnik / Алексей КовалевАлик Тедеев со своими воспитанниками.
Алик Тедеев со своими воспитанниками. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кокойты Эдуард, Тыбылты Алик æмæ Джиоты Вадим сæхи сфæлвардзысты бæрзонд æмвæзады ерысты, кæцытæ боксертæн фадат дæттынц Уæрæсейы фыццагадмæ афтынæн

ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ.  Хуссар Ирыстоны тыхджындæр æрыгон боксертæ – Кокойты Эдуард, Тыбылты Алик æмæ Джиоты Вадим стох кæндзысты æхсæнадон–паддзахадон спортивон баиугонд "Юность России"–йы, фехъусын кодта Sputnik спорты комитеты пресс-секретарь Софа Исаакян.

Вадим Кочиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксер Коцты Вадим Уæрæсейы фыццагадмæ йæхи цæттæ кæны Цæцæны

Лæппутæ сæхи сфæлвардзысты бæрзонд æмвæзады ерысты, кæцытæ боксертæн фадат дæттынц Уæрæсейы фыццагадмæ афтынæн.

"Хуссар Ирыстоны спортивон кад хъахъхъæндзысты æртæ лæппуйæ. Уыдонæй дыууæ — Кокойты Эдуард æмæ Тыбылты Алик сты боксы скъола "Олимп"-æй. Хуссар Ирыстоны номæй æртыккаг ерыстæм ацыд Джиоты Вадим, уый та у Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты ӕмӕ ӕрыгон фӕсивӕды боксы скъолайы хъомылгӕнинаг. Æртæ лæппу нырмæ дæр расгуыхтысты бирæнымæц ерысты", — загъта Софа Исаакян.

Кокойты Эдуард æмæ Тыбылты Аликы цæттæ кæнынц тренертæ Тедеты Алик æмæ Бестауты Чермен, Джиоты Вадимимæ кусынц тренертæ:Чехойты Алан, Кокойты Мурат, Плиты Азæмæт æмæ Куымæридтаты Родион.

Ерыстæ цæудзысты Курскы областы горæт Львовы 9-15 октябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0