Хуссар Иры Уӕлдӕр тӕрхондоны сӕрдар бадӕтта отставкӕмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры Уӕлдӕр тӕрхондон
Хуссар Иры Уӕлдӕр тӕрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыгаты Илона республикӕйы Уӕлдӕр тӕрхондоны сӕргъ лӕууыд 2012 азы декабрӕй фӕстӕмӕ

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондоны сӕрдар Хуыгаты Илона бадӕтта куырдиат йӕ бынатӕй ацӕуыны фӕдыл, фехъусын кодта Sputnik ратӕдзӕн тӕрхондоны.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент систа КТ-ы тæрхонгæнæджы бынатæй Тыбылты Леониды администрацийы сæргълæууæджы

Хуыгаты Илона республикӕйы Уӕлдӕр тӕрхондоны сӕргъ лӕууыд 2012 азы декабрӕй фӕстӕмӕ.

"Уӕлдӕр тӕрхондоны сӕрдар бадӕтта отставкӕмӕ ивгъуыд къуырийы. Барвӕндонӕй йӕ бынат ссӕрибар кӕныны фӕдыл куырдиатмӕ ныридӕгӕн ӕркаст ӕмӕ сфидар кодта тӕрхондоны квалификацион коллеги", — фехъусын кодта ратӕдзӕн.

Процедурӕмӕ гӕсгӕ, Хуыгаты Илонайы отставкӕ хъуамӕ сфидар кӕна Хуссар Ирыстоны парламент президенты ӕрбавдыстӕй.

Хуыгаты Илонайӕн ис тӕрхонгӕнӕджы фыццаг квалификацион класс. Президенты барамындӕй йын радтӕуыд "Хуссар Ирыстоны сгуыхт юристы" цытджын ном, ис ын паддзахадон хорзӕхтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0