Хуссар Иры президент ӕрцыд кусӕгон балцы Уӕрӕсемӕ

© Sputnik / Евгений БиятовХуссар Иры президент Бибылты Анатолий
Хуссар Иры президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Библылты Анатолий ауадздзӕн Мӕскуыйы цалдӕр фембӕлды, кӕцыты нысан у Уӕрӕсеимӕ ахастыт сфидар ӕмӕ райтынг кӕнын

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Библылты Анатолий ис кусӕгон балцы Уӕрӕсейы, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Мӕскуыйы президент ауадздзӕн цалдӕр фембӕлды, кӕцыты нысан у Уӕрӕсеимӕ ахастытӕ сфидар ӕмӕ райтынг кӕнын", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уымӕй дарддӕр ма Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг ӕруынаффӕ кӕндзӕн экономикон ӕмӕ социалон къабӕзты ӕхсӕнхицауадон бадзырдтыл, кӕцытӕ ныртӕккӕ цӕттӕ цӕуынц бафыстмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0