Парламент æркæсдзæн Тасойты Дмитрийæн йæ депутатон мандат байсыны фарстмæ

© Sputnik / Ада БагианТасойты Дмитрий
Тасойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фарст хаст æрцыд æввахсдæр парламентон сессийы боны фæткмæ

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент æввахсдæр рабадтыл æркæсдзæн депутат Тасойты Дмитрийы æххæстбартæн æмгъуыдæй раздæр кæрон скæныны фарстмæ.

Парламент Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Депутаттæ рахастой æнæууæнчы вотум вице-спикер Тасойты Дмитрийæн

Фарстыл ныридæгæн уынаффæ цыд парламенты президиумы рабадтыл къуырисæры, хъусын кæны закондæттæн органы пресс-службæ.

"Мандатон къамисы уæнг Гæбæраты Алан рахаста депутат Тасойты Дмитрийы æххæстбартæн æмгъуыдæй раздæр кæрон скæныны фарст. Уынаффæты рæстæджы райстæуыд скъуыддзаг фарст парламенты сессийы рабадтмæ рахæссын", — загътой пресс-службæйы.

Парти "Иугонд Ирыстон", кæцыйы сконды Тасойты Дмитрий æрбацыд парламентмæ, æнæрадон съездыл скъуыддзаг кодта уый закондæттæн органæй асидын.

Июлы парламент равдыста æнæууæнк вице-спикер æмæ хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл парламентон комитеты разамонæгæн йæ цалдæр видеохъусынгæнинаджы, ома "æркæсдзæн йæ уæвынадмæ парламенты" æмæ ног спикер Гасситы Петры ныхмæ, карз критикæйы фæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0