Цхинвалы зынгирвæзты фæстиуæгæн фæмард иу адæймаг

© Sputnik / Алексей Петров /  Ахизын медиабанкмæЗынгирвæзт
Зынгирвæзт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цауы аххосæгтæ нырма бæлвырд не сты, цæуы сгарæн куыст

ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik. Цхинвалы 13 коммунары уынгыл зынгирвæзты фæстиуæгæн басыгъд ацæргæ лæг. Æрцæугæ цауы аххосæгтæ ныридæгæн сгæрст цæуынц, фехъусын кодтой Sputnik УУМ пресс-службæйы.

"24 октябры, изæры 20 сахат æмæ 18 минутыл УУМ радгæсон службæмæ бадзырдтой Цхинвалы 13 коммунары уынгыл 10-æм бæстыхайы ссыгъды фæдыл. Зынгвæдисонты къорд æмæ ирвæзынгæнджытæ уайтагъд бацыдысты цауы бынатмæ. Зианбаййафæг ацæргæ лæджы фæхæццæ кодтой рынчындонмæ, фæлæ сыгъдты фæстиуæгæн цалдæр сахаты фæстæ амард", — загътой пресс-службæйы.

Уагдоны ма банысан кодтой, "зынгирвæзты аххосæгтæ нырма бæлвырд не сты, цæуы сгарæн куыст".

Ног хабӕртты лентӕ
0