Хуссар Ирыстонмæ рауадздзысты резервон электрохахх

© Sputnik / Всеволод Тарасевич /  Ахизын медиабанкмæЭлектрохахх
Электрохахх - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Электрохызæджы резервон хахх айгæрддзысты Ручъы тонеллыл

ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны резервон электроифтонгады тыххæй ног электрохаххы арæзтад гæнæн ис æмæ райдайа ацы аз.

Село Арцев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæмæн фиды хуссарирыстойнаг хъæу Икъорта æхца Гуырдзыстонæн

Фарстыл уынаффæ цыд социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Ӕхсæнхицауадон къамисы хуссарирыстойнаг фарсы радон рабадтмæ цæттæ кæныны фæдыл æмбырды, фехъусын кодтой президент æмæ хицауады пресс-службæйы.

Хуссар Ирыстон электроэнерги иууылдæр исы Уæрæсейæ "Зæрæмæг – Цæгаттаг портал – Дзау" электрохаххыл.

"Энергоресурс"-ы гендиректор Гæбæраты Аланы ныхæстæм гæсгæ, бакуыст æрцыд резервон электроифтонгады æхсæз проектыл.

Президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта, ацы фарст аскъуыддзаг кæнын кæй хъæуы æввахсдæр рæстæджы, уымæн æмæ æгæр адаргъ ис.

"Мах æруынаффæ кодтам алыгъуызон варианттыл æмæ сфидар кодтам иууыл æнцойвадатдæр – туннелы уылты кабель, кæцыйыл не 'ндавдзæн æвзæр боныгъæд. Проекты реализацийæн фæрæзтæ рагхыгъд сты, фæлæ нын ныр æртæ азы мидæг уыдонæй не ′нтысы спайда кæнын. Хъæуы рахæссын фарст уынаффæмæ æмæ йæ аскъуыддзаг кæнын иугæндзонæй. Гæнæнуæвгæйæ хъæуы райдайын арæзтад ацы аз дæр", — загъта Бибылты Анатолий.

Боныгъæд, уæлдайдæр та зымæгон рæстæджы, свæййы Хуссар Ирыстоны рухсы ахицæны иууыл арæхдæр аххосæг. Цæрджыты бахъæуы æнхъæлмæ кæсын суткæйы бæрц æмæ уымæй фылдæр дæр, цалынмæ цалцæггæнджытæ цæгатæй кæнæ хуссарæй фæххæццæ фæййынц аварийы бынатмæ æмæ йæ аиуварс кæнынц.

Ног хабӕртты лентӕ
0