Дыккаг "Булæмæргъ": преми равзардзæн хуыздæр ирон литераторты

© Sputnik / Плиты ФатимаЦхинвалы фæбæрæг сты литературон конкурс "Булæмæргъ"-ы лауреаттæ
Цхинвалы фæбæрæг сты литературон конкурс Булæмæргъ-ы лауреаттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсæнадæмон литературон преми "Булæмæргъ" равзардзæн хуыздæр ирон литераторты ныр дыккаг хатт

ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Дыккаг æхсæнадæмон литературон преми "Булæмæргъ"-ы лауреаттæ хорзæхджын æрцæудзысты ноябры кæрон Мæскуыйы. Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы адарддæр кодта премимæ куырдиæттæ исыны æмгъуыд 30 октябрæй 10 ноябрьмæ, хъусын кæны минæвæрады сайт.

Конкурсы хайад райсыны фадат ис ирон курдиатджын фысджытæ, мæлгъæвзаг поэттæ æмæ дæсны тæлмацгæнджытæн.

Бестауты Аланӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Булæмæргъ"-ы лауреат Бестауты Аланӕ: Ирыстон фысджыты фæндиаг уæд

"Конкурсы уагæвæрды домæнмæ гæсгæ куырдиаттæ ист хъуамæ фæуыдаиккой 30 октябры, фæлæ бындурæвæрджыты уынаффæмæ гæсгæ æмгъуыд аргъæвтой 10 ноябрьмæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ирон æвзаджы райрӕзт æмæ парахат кæныны нысанӕн Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы расидт литературон преми "Булæмæргъ" фыццаг хатт 2015 азы кæрон. Уæд "Булæмæргъ"-ы фыццаг премийы лауреатттæ ссисты Плиты Инал тæлмац æмдзæвгæты тыххæй, газет "Хурзæрин"-ы кусæг, поэт Годжысаты Нелли. Лауреатты нымæц ма баххæст кодта фарастæм къласы ахуырдзау Бестауты Аланӕ.

Премимæ раразмæгонд цæуынц ирон æвзагыл фыст уацмыстæ æмæ æндæр æвзæгтыл фыст уацмысты авторон тæлмацтæ. Раразмæ кæнын ис романтæн, уацаутæн, радзырдты, науæд уацауты æмбырдгæндтæн, æмдзæвгæты æмбырдгæндтæн, документалон прозæ æмæ мемуартæн.

Минæварад преми расиды организаци "Стройцентр"-ы æххуысæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0