Гасситы Петры равзæрстой парти "Иугонд Ирыстон"-ы ЦК сæрдарæй

© Sputnik / Наталья АйриянПетр Гассиев
Петр Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Партийы Централон комитеты рабадты рæстæджы ног сæрдарæй æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны парламенты спикер

ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik. Парти "Иугонд Ирыстон"-ы Централон комитет равзæрста ног сæрдары къуырисæры, 30 октябры, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны парламенты пресс-службæ. ЦК-ы ног къухдариуæггæнæг ссис РХИ парламенты сæргълæууæг Гасситы Петр.

Партийы съезд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парти "Иугонд Ирыстон" равзæрста ног лидеры

Партийы банысан кодтой,  ног сæрдар равзарынæй дарддæр, рабадты рæстæджы кæй æркастысты æндæр фарстытæм дæр.

"Рабадты ма æркастысты вакантон депутатон бынатмæ парти "Иугонд Ирыстон"-æй депутаттæм кандидатты номхыгъдæй равзарыны фарстмæ дæр. Уый суыдзæн Хуссар ирыстоны адæмон артист, режиссер, Цхинвалы районы адæмон театры аивадон къухдариуæггæнæг Уанеты Ӕхсар", — банысан кодтой "Иугонд Ирыстон"-ы.

Амæй размæ, 10 октябры, парти "Иугонд Ирыстон"-ы съездыл равзæрст æрцыд Централон комитеты ног сконд. Парти "Иугонд Ирыстон"-ы партийы сæргълæууæджы бынаты уыд Гæбæраты Юрий, кæцы ацы бынаты раивта Тасойты Дмитрийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0