Цхинвайлаг уæззау рынчын сывæллоны мад курæг у, цæмæй сын баххуыс кæной

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæКапельница
Капельница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чызгæн ис онкологион низ, йæ бинонтæм нæй фæрæзтæ хоскæнынад адарддæр кæнынæн.

ЦХИНВАЛ, 31 окт— Sputnik, Босыкты Наталья. Æртындæсаздзыд Диана Ткаченкойæн хос кæнынц мæскуыйаг онкологион центры, фæлхаттон химиотерапийы курс ауадзынæн хъæуы æхца – чызджы бинонтæм та уыцы фæрæзтæ нæй. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта рынчын сывæллоны мад Гаглойты Марина.

Хуссар Иры райдыдта хæрзаудæн акци уæззау рынчын чызгæн схос кæнынæн фæрæзтæ æрæмбырд кæныны фæдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Балæвар кæн дæ "хорз" æмæ фервæзын кæн уæззау рынчын сывæллоны

Сывæллонæн ис онкологион низ, мæскуыйаг онкоцентры дохтыртæ рафыстой Дианайæн дыууæ курсы химиотерапи, фæлæ бинонтæм нæй æхца.

Чызджы мады ныхæстæм гæсгæ, Блохины номыл мæскуыйаг онкоцентрмæ бахауын æмæ иу курс химиотерапи рацæуынæн, Дианайæн баххуыс кодта Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад. Ӕмрæстæджы, Гаглойты Маринæйæн ведомствæйы радзырдтой, кæй сæм нæй фæрæзтæ дыккаг курс бафидынæн.

Рынчын саби - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæззау рынчын сывæллæттæн Хуссар Ирыстоны æрæмбырд кодтой 45 мин сомы

Марина банысан кодта, химиотерапийы фæлхаттон курс рацæуынæн, Дианайы хъæуы 400 мин сомы бæрц æхца æмæ бахатыд йæ бон кæмæн у, уыдонмæ æххуысы фæдыл.

"Иу къуырийы бæрц стæм мæскуыйаг онкоцентры, æнхъæлмæ кастыстæм, химиотерапи бафидынмæ. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад бафыста иу химиотерапийæн, кæцы Дианайæн ауагътой райсомæй. Нырма дохтыримæ нæ ныхас кодтон, фæлæ зонын, кæй бахъæудзæн дыккаг курс рацæуын æмæ томографи саразын, цæмæй базонæм, низ фæлæууыд æви нæ. Афтæ нын загъта Дианайы дохтыр", — загъта Марина.

Ног хабӕртты лентӕ
0