Экономикæйы æмæ хъæууон хæдзарады министрæдтæ ратдзысты хыгъдлæвæрд парламенты раз

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент Южная Осетия Цхинвал
Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Профилон комитеты сæргълæууæг Джиоты Инал радзырдта Хуссар Ирыстоны хицауады ног законыпроектты тыххæй

ЦХИНВАЛ, 1 ноя— Sputnik. Хъæууон хæдзарады æмæ экономикæйы министрадтæ æрбавдисдзысты Хуссар Ирыстоны парламенты профилон комитетмæ бакæнгæ куысты тыххæй информаци, хъусын кæны закондæттæг органы пресс-службæ.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент ӕрывнӕлдта куыстмӕ сӕрдыгон каникулты фӕстӕ

"Февралы кæнæ марты райдианы мах байхъусдзыстæм хъæууон хæдзарады æмæ экономикон райрæзты министрæдты хыгъдлæвæрдмæ бакæнгæ куысты фæдыл. Фæнды мæ банысан кæнын, хицауад кæй бакуыста "Фæдзæхсыны фæдыл" законыпроекты ног редакцийыл. Ӕввахс рæстæджы ацы законыпроектмæ æркæсдзысты хицауады рабадтыл, уый фæстæ та йæ æрбарвитдзысты махмæ комитетмæ. Уымæй размæ райстгонд закон дугивгъуыд фæцис — йæ уагæвæрд дзуапп нал дæтты нырыккон домæнтæн", — загъта Джиоты Инал.

Парламентарий куыд банысан кодта, афтæмæй хицауадмæ нырма ис цалдæр законыпроекты, кæцытæ хауынц экономикæйы фæдыл комитетмæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарадмæ, кæцыты фæдыл нырма цæуы куыст.

Ног хабӕртты лентӕ
0