Гæджиты Гурам рамбылдта Пивоваровы номыл боксы турниры сыгъзæрин майдан

© Sputnik / Дзигойты Ацæмæзы архивæйГæджиты Гурам рамбылта сыгъзæрин майдан боксæй
Гæджиты Гурам рамбылта  сыгъзæрин майдан боксæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ноджы ма æртæ æрыгон боксер та бацахстой призон бынæттæ

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Цхинвайлаг боксертæ рамбылдтой сыгъзæрин, æвзист æмæ бронзæ майдантæ  Пивоваровы номыл турниры Санкт-Петербурджы, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер, спорты мастер боксæй Дзигойты Ацæмæз.

© Sputnik / Дзигойты Ацæмæзы архивæйЦхинвайлаг боксертæ Пивоваровы турниры
Цхинвайлаг боксертæ систы Пивоваровы турниры призертæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг боксертæ Пивоваровы турниры

Леонид Пивоваровы номыл турнир цыд Санкт-Петербурджы. Хуссар Ирыстоны кад турниры хъахъхъæдтой цыппар æрыгон боксеры.

"Турниры архайдтой Уæрæсейы алы къуымтæй 360 боксерæй фылдæр. Цыппар лæппу раразмæ кодтон ацы ерыстæм æмæ сæхи нæ фæхудинаг кодтой – сеʻппæт дæр ауагътой 3-4 фембæлды, æрвыл бон дæр сын уыд тохтæ. Уыдон равдыстой хъæддых характер. Нæ къорды сæйраг хъайтар ссис Гæджиты Гурам, уый ныддæрæн кодта йæ ныхмæлæуджыты иууылдæр æмæ райста сыгъзæрин майдан 44 кг уæзы. Чысыл лæмæгъдæр разынд Багаты Марат, уый бацахста дыккаг бынат 40 кг уæзы", — загъта тренер.

Дзигойты Ацæмæз ма банысан кодта, йæ аннæ дыууæ хъомылгæнинаг Тыджыты Василий æмæ Кокойты Аслан кæй систы бронзæйон призертæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0