Сланты Виталий: Ирыстоны алы сывæллон дæр у потенциалон чемпион

© Sputnik / Наталья АйриянМурат Гассиев
Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Мурæты æнтыстытæ тренер æрмæст йæхи сгуыхтдзинадыл нæ нымайы

ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы сгуыхт тренер Сланты Виталий фехъусын кодта, ирæттæ кæй сты иууыл курдиатджындæр адæм спорты алы хуызы дæр.

Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт: дарддæр дæр рухс кæндзæн Ирыстоны цæрджыты зæрдæтæ мæ уæлахизтæй

Иууыл зындгонддæр тренер æмæ йæ хъомылгæнинаг – дунейы чемпион Гасситы Мурæт – фембæлдысты майрæмбоны цхинвайлаг фæсивæдимæ.

"Ирæттæ сты иууыл курдиатджындæр спорты алы хуызы. Алы сывæллон дæр у потенциалон чемпион. Мах алкæмæ дæр нæ хъус дарæм, фæлæ никæй рахицæн кæндзæн, цæмæй макæй фæхъыг кæнон", — загъта Сланты Виталий.

Уый радзырдта, Гасситы Мурæткæй сарæзта сæрмагонд стипендитæ æртæ æрыгон боксерæн æмæ афтæ рауад, "æртæ дæр кæй райгуырдысты Хуссар Ирыстоны, фæлæ сæхи цæттæ кæнынц Цæгаты".

Гасситы Мурæты тренертæ Абель Санчес æмæ Сланты Виталий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сланты Виталий: Гасситы Мурæты америкæйаг тренер у иттæг хорз специалист

Уый банысан кодта, ирæттæ æрмæст спорты кæй не сты æнтыстджын æмæ зæрдыл æрлæууын кодта, дунейы егъаудæр театртæй дыууæйы – Мариинаг æмæ Стыры – сæйраг адæймæгтæ кæй сты ирæттæ Гергиты Валерий æмæ Сохиты Тугъан.

Йæ хъомылгæнинаджы тыххæй дзургæйæ, Сланты Виталий банысан кодта, кæ не ′ппæлдзæн йæхицæй, уымæн æмæ Мурæтæй боксер аразы æнæхъæн командæ.

"Уый ныртæккæ тренировкæ кæны дунейы иууыл хуыздæр тренертæй иумæ – Абель Санчесмæ æмæ уый у стыр амонд, Мурæт уымæ кæй бахауд. Йæ æнтыстытæ фыццаджыдæр сты йæ сæрмагонд сгуыхтдзиндтæ, йæ ахаст, йæ тырнындзинад. Ӕз нæ дзурдзæн, мæ фæрцы кæй ссис чемпион", — бахахх кодта тренер.

Сланты Виталий ма равдыста йæ ахаст сылгоймæгты боксмæ дæр, æппæрццаг цæстæнгасæй йæм кæй кæсы, уый банысан кæнгæйæ.

"Бокс сылгоймæгты спорты хуыз нæу. Залмæ æрбацæуынц чызджытæ æмæ сын æз зæгъын: уæхи цæттæ кæнут, згъорут, тренировкæ кæнут, фæлæ уæ бокс кæнын нæ хъæуы. Чидæртæ мæм хъыг дæр фæвæййынц, фæлæ æцæгæйдæр афтæ у мæ хъуыды æмæ йæ нæ аивдзæн", — загъта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0