Тасойты Дмитрийы депутатон мандат радтой Уанеты Ӕхсарӕн

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ Парламент
РХИ Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Иугонд Ирыстонӕй" депутат Тасойты Дмитрийы ӕххӕстбартӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр балхынцъ кӕныны фӕстӕ йӕ мандат ссис вакантон

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны адӕмон артист Уанеты Ӕхсар суыдзӕн республикӕйы парламенты депутат. Централон ӕвзарӕн къамис (ЦӔК) суынаффӕ кодта уымӕн адӕттын вакантон мандат, кӕцы ссӕрибар Тасойты Дмитрийы ӕххӕстбартӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр балхынцъ кӕныны фӕстӕ.

Парламент, Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Депутаттæ байстой Тасойты Дмитрийы депутатон бынат парламенты

Октябры Хуссар Ирыстоны парламент ӕмгъуыдӕй раздӕр балхынцъ кодта "Иугонд Ирыстонӕй" депутат Дасойты Дмитрийы ӕххӕстбартӕ. Уый размӕ Тасойы фырт сӕрибар ӕрцыд вице-спикер ӕмӕ хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕджы бынӕттӕй дӕр.

"Раттын Хуссар Ирыстоны ӕхсӕзӕм ӕрсидты парламенты депутаты вакантон мандат депутаттӕм срегистрацигонд кандидат "Иугонд Ирыстонӕй" Уанеты Ӕхсарӕн", — дзырдӕуы ЦӔК-ы барамынды.

Уанеты Ӕхсар у Хуссар Ирыстоны театры иууыл ирддӕр артисттӕй иу. Актерон кустӕй дарддӕр ма уый сӕвӕрдта сценӕйыл дӕс спектаклӕй фылдӕр. Къухдариуӕгад ма кӕны Цхинвалы районы адӕмон театрӕн дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0