Хуссар Ир ӕмӕ Днестргӕрон бадзырдтой иумӕ хъахъхъӕнын адӕймаджы бартӕ

© Sputnik / Наталья АйриянТасойты Инал
Тасойты Инал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕты омбудсментӕ бафыстой Цхинвалы ӕмгуыстады фӕдыл меморандум

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Адӕймаджы барты фӕдыл Хуссар Ирыстон ӕмӕ Днестргӕрон республикӕты ӕххӕстбарджынтӕ бадзырдой ӕмгуыстад кӕнын ӕмбӕстӕгты бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад хъахъхъӕныны къабазы. Ӕмгуыстады фӕдыл меморандум бафыстой майрӕмбоны Цхинвалы омбудсментӕ Тасойты Инал ӕмӕ Вячеслав Косинский.

Абхазы президент Рауль Хаджимба - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абхазы президент æмæ парламенты спикер æрцæудзысты Хуссар Ирмæ

Документ рагхыгъд кӕны ӕмбӕстӕгты бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад хъахъхъӕныны фӕдыл информаци ӕмӕ литературӕ дих кӕнын кӕрӕдзийы хсӕн, афтӕ ма иумӕйаг практикон ӕмӕ аналитикон куыстытӕ, зонадон-практикон конференцитӕ семинартӕ ӕмӕ тренингтӕ уадзын.

Уымӕй дарддӕр ма фарсытӕ баныфсӕвӕрдтой кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын адӕймаджы барты фӕдыл фӕсарӕйнаг институттимӕ ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон организацитимӕ ӕмгуыстад кӕныны фарстыты.

Бадзырды иу пункт ма ӕндавы дыууӕ фарсы ӕрдыгӕй дӕр стажировкӕтӕ ӕмӕ кадртӕ бацӕттӕ кӕныны сӕраппонд ӕндӕр мадзӕлттӕ уадзыныл, фӕлтӕрддзинад дих кӕныныл ӕмӕ кӕрӕдзийӕн практикон ӕххуыс кӕныныл.

Хуссарирыстойнаг омбудсмен Тасойты Инал банысан кодта, Хуссар Ир ӕмӕ Днестргӕрон республикӕ баст кӕй сты бирӕазон хӕларадон ахастытӕй, дыууӕ бӕстӕ дӕр кӕй бавзӕрстой тынг бирӕ зындзинӕдтӕ.

Вячеслав Косинский дӕр бахахх кодта, бадзырд кӕй рахизын кӕндзӕн дыууӕ бӕстӕты хсӕн ӕмгуыстад ног ӕмвӕзадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0