Науру хъахъхъæндзæн Хуссар Ирыстоны интерестæ сабырфурдон регионы

Хуссар Ирыстоны президент фембæлд Мæскуыйы Науруйы президентимæ
Хуссар Ирыстоны президент фембæлд Мæскуыйы Науруйы президентимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент фембæлд Мæскуыйы Науруйы президентимæ

ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik. Республикæ Науру хъахъхъæндзæн Хуссар Ирыстоны интерестæ сабырфурдон регионы, фехъусын кодта Науруйы президент Барон Дивавеси Вака президент Бибылты Анатолиимæ фембæлды рæстæджы Мæскуыйы, хъусын кæны республикæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатолий Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды ныццыд къуырисæры официалон визитимæ Мæскуымæ. Ӕртæбонон визиты фæлгæтты ацæудзысты йæ бадзырдтæ УФ президент Владимир Путинимæ, афтæ ма фембæлд УФ слестгæнæн комитеты сæргълæууæг Александр Бастрыкинимæ.

"Мах æмбарæм, Хуссар Ирыстон цыдæриддæр проблемæтимæ æмбæлы, уыдон, цæттæ стæм йæ хæдбардзинад банымайынмæ республикæйы тырнынады фарсмæ балæууынмæ. Мах хъахъхъæндзыстæм Хуссар Ирыстоны интерестæ нæ регионы. Абоны онг сабырфурдон регионы æрмæстдæр иу бæстæ – Науру – банымадта Хуссар Ирыстоны суверенитет, фæлæ нæ дызæрдыг кæнын, фидæны ахæм бæстæты нымæц кæй фæфылдæр уыдзæн. Мах кусдзыстæм ууыл", — загъта Барон Вака.

Бибылты Анатолий зæрдыл æрлæууын кодта, Науру æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны фæдыл документ бафыст кæй æрцыд 2009 азы, уæдæй фæстæмæ Науруйы хицæуттæ лæууыдысты Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады фарс æмæ æвдыстой ахастыты размæцыдмæ тырнынад.

Хуссар Ирыстоны президент фембæлд Мæскуыйы Науруйы президентимæ
Встреча президента РЮО с президентом Науру - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны президент фембæлд Мæскуыйы Науруйы президентимæ

Президент радзырдта, ӕхсӕнпаддзахадон контакттӕ сӕндидзын кӕныны нысанӕн уый кӕй радта барамынд фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадӕн (ФХМ), цӕмӕй сфидар кӕной Хуссар Иры минӕвары Науруйы.

"Уыцы нысанӕн ӕз бауынаффӕ кодтон фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадӕн, кӕцы, йӕхи рады, арвыста Науруйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты, ӕддагон базарад ӕмӕ финансты министрадмӕ куырдиат, цӕмӕй аккредитаци радтой Хуссар Ир ӕмӕ Ног Зеландийы ӕмбӕстаг Битеты Таймуразӕн РХИ ФХМ минӕвары хуызы уӕ республикӕйы", — банысан кодта Бибылты Анатолий.

Официалон визит адарддæр уыдзæн 15 ноябры онг. Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды сты президенты администрацийы сæргълæууæг Козаты Игорь, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тотчиты Георгий, мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь, финансты министр Хæбæлаты Аза æмæ æндæр официалон адæм.

Науру банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад 2009 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0