Мæскуыйы ацыд Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы президентты фембæлд

© Пресс-служба президента РЮОМæскуыйы ацыд Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы президентты фембæлд
Мæскуыйы ацыд Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы президентты фембæлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий æмæ Владимир Путин æруынаффæ кодтой 2015-2017 æзты инвестицион нывæзты æххæст кæныны фарстытыл æмæ Хуссар Ирæн дарддæры экономикон æххуысы фадæттыл

ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Мæскуыйы ацыд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы президенттæ Бибылты Анатолий æмæ Владимир Путины фембæлд.

Бибылты Анатолий Мæскуыйы: президент сæвæрдта дидинтæ цырт-символмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий Мæскуыйы: президент сæвæрдта дидинтæ цырт-символмæ

Президент Бибылты Анатолий къурисæры кусæгон балцы фæуазæг ис уӕрӕсейаг столицӕмӕ. Уым ыл сӕмбӕлд Мӕскуыйаг гарнизоны цытджын хъарагъул. Уыцы бон бӕстӕйы сӕргълӕууӕг сӕмбӕлд Республикӕ Науруйы президент Барон Дивавеси Вакаимӕ. Бибылты Анатолийы сæйраг фембæлд ацыд дыццæджы Уæрæсейы паддзахады сæргълæууæг Владимир Путинимӕ.

Дыууæ президенты фæбæлды фæстæ Владимир Путин ногæй бафидар кодта бæстæйы позици — дарддæр дæр Уæрæсе кæй кæндзæн экономикон æххуыс Хуссар Ирыстонæн.

Уæрæсейы лидер банысан кодта, 2018-2019 æзты ног инвестицион нывæзт фидар æрцæудзæн æввахс бонты, цæттæ у сæрмагонд пакет 1 миллиард сомы уæлбар æфстау фæрæзты фæдыл.

"Уæрæсе дарддæр дæр хицæн кæндзæн ресурстæ республикæйы размæцыдæн", — хъусын кæны РИА Новости УФ президенты ныхæстæ.

Уымæй дарддæр ма Путин фехъусын кодта, йæ хуссарирыстойнаг коллегæимæ кæй æруынаффæ кодтой дыууæварсон экспорт æмæ импорт фæцырын кæныныл дæр.

Бибылты Анатолийы балц Уæрæсемæ: президентыл сæмбæлдысты Внуковойы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолийы балц Уæрæсемæ: президентыл сæмбæлдысты Внуковойы

Бибылты Анатолий дæр фембæлды фæстæ фехъусын кодта, бæстонæй дзырд кæй цыд 2015-2017 æзты инвестицион нывæзты æххæст кæныныл.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы ацы нысанæн рахицæн кодта 7,6 миллиард сомы.

Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта, дзырд кæй цæуы транспортон æмæ социалон инфраструктурæ сæндидзын кæныныл.

Уæрæсе æмæ Хуссар Иы разамонджыты фембæлды фæстиуджытæм гæсгæ фидар æрцыдысты æнæниздзинад хъахъхъæнынады ведомствæты хсæн бадзырдтæ.

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæФидар æрцыдысты æнæниздзинад хъахъхъæнынады ведомствæты хсæн бадзырдтæ
Президент РФ В. Путин встретился с президентом Южной Осетии А. Бибиловым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фидар æрцыдысты æнæниздзинад хъахъхъæнынады ведомствæты хсæн бадзырдтæ

Медицинон фæдзæхсты фадыджы дыууæ бæстæтты хсæн суагъæ фидар æрцыд Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы æнæниздзинад хъæхъхъæнынады министртæ Тотчиты Георгий æмæ Вероника Скворцовайы къухфысттæй.

Документ фадат дæтты æнæмæнг медицинон фæдзæхсты лæггæдæтй пайда кæнын Хуссар Иры цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0