Куыд хъæуы разæнгард кæнын чемпионты: Хуссар Иры парламент кусы ног законыл

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент, Хуссар Ирыстон
Парламент, Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нормативон акт рахастæуыд закондæттæг органы президиумы радон рабадтмæ

ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент кусы уагæвæрдыл, кæцымæ гæсгæ æхсæнадæмон турнирты призертæн лæвæрд цæудзæн "РХИ спорты сгуыхт дæсныйы" ном. Уый тыххæй абон парламенты рабадтыл фехъусын кодта Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл парламентон комитеты разамонæг Тедеты Бахва.

Ирон боксер Тедеты Сослан æмæ йæ тренер Сланты Виталий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сланты Виталийы хъомылгæнинæгтæ рахиздзысты рингмæ Китайы

Тедеты Бахвайы ныхæстæм гæсгæ, сгуыхт ном лæвæрд цæудзæн спорты алы хуызты архайджытæн бæрзонд спортивон æнтыстыты тыххæй официалон спортивон ерысты.

"РХИ спорты дæсныйы сгуыхт ном лæвæрд цæудзæн спортсментæн, кæцытæ РХИ, УФ, æввахс æмæ дард фæсарæнты æмбырдгæндты сконды бацахстой призон бынæттæ олимпиаг хъæзтыты хисæрмагонд æмæ командон ерысты æмæ спорты командон хуызты. Дзырд ма цæуы, дунейы, Европæйы чемпионатты, дуне æмæ Европæйы кубокты фыццаг бынæттæ цы спортсментæ бацахстой, уыдоныл дæр", — хъусын кæны закондæттæн органы пресс-службæ.

Уымæй дарддæр ма, уæлбарæй сгуыхт ном лæвæрд цæуы уыцы спортсментæн, кæцытæ стыр хайбавæрд хæссынц Хуссар Ирыстоны æмæ ирон спорты авторитет æхсæнадæмон æмвæзадыл бæрзонддæр кæнынмæ, æмæ æмрæстæджы æвдисынц егъау арæхстдзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0