Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæныл райдыдта æртæфарсон фембæлд

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæныл райдыдта æртæфарсон фембæлд
Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæныл райдыдта æртæфарсон фембæлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæнгæрон хъæу Эргнетмæ æввахс фембæлдысты Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы минæвæрттæ ОБСЕ æмæ Евроцæдисы æмæхсæнадæй

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik, Босыкты Наталья. Инциденттæ ма 'руадзыны æмæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты (ИÆАМ) форматы радон фембæлд райдыдты цыппæрæмы Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн нейтралон территорийыл, арæнгæрон хъæу Эргнеты цур.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууы фæсконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фарстыты фæдыл президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт.

ИÆАМ формат арæзт æрцыд 2009 азы Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женеваг дискусситыл. Фембæлдты хайад исынц Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы минæвæрттæ ОБСЕ æмæ Евроцæдисы æмæхсæнадæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0