Шанхайы нæй дон: проблемæ аскъуыддзаг уыдзæн къуыримæ

© Sputnik / Наталья АйриянАрцеу
Арцеу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы хуссар-ныгуылæн хайы егъау микрорайон "Шанхай"-ы доны хызæгтæ советон рæстæгæй фæстæмæ ивд не ʻрцыдысты æмæ сыл арæх æрцæуы аваритæ

ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Къуырийы æмгъуыдмæ Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал" сифтонг кæндзæн нуазыны донæй Цхинвалы микрорайон "Шанхай"-ы, фехъусын кодтой Sputnik горæты администрацийы пресс-службæйы.

Город Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Маяковскийы уынджы цӕрджытӕ хъаст кӕнынц, дон сӕм ӕвзӕр кӕй цӕуы

Цхинвалы хуссар-ныгуылæн хайы егъау микрорайон "Шанхай"-ы доны хызæгтæ советон рæстæгæй фæстæмæ ивд не ʻрцыдысты æмæ сыл арæх æрцæуы аваритæ. Уый адыл дæргъвæтин рæстæджыты район баззайы æнæ донæй.

"Зæронд хæтæлты аххосæй ацы район арæх уыд æнæ донæй. "Водоканал"-ы кусджытæ бавнæлдтой зæронд хæтæлтæ ивынмæ æмæ къуырийы æмгъуыдмæ ныфс дæттынц Шанхаймæ дон рауадзынæй. Цалцæггæнæн куыстыты рæстæджы районмæ дон ласт цæуы цистернæты", — загъта уагдоны пресс-секретарь Коцты Зæринæ.

Уый ма банысан кодта, амæй размæ ахæм куыстытæ кæй сæххæст кодтой Фаллаг фарс æмæ Остъаты æфсымæрты уынгтыл дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0