Сырх Дзуар баххуыс кæндзæн Хуссар Иры соцхъахъхъæнынады кусджытæн

© Sputnik / Фатима ПлиеваСырх дзуар
Сырх дзуар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тренингы темæ райгуырд тымбыл фынджы рæстæджы СДӔК-ы мисси æмæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады кусджыты хайадистæй

ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх дзуары æхсæнадæмон комитеты (СДӔК) мисси ауадздзæн тренинг республикæйы социалон къабазы специалисттæн, кæцытæ æххуыс кæнынц æххуысхъуаг цæрджытæн, фехъусын кодтой Sputnik миссийы. 

Тренинг "Ӕз æвзарын æнæниздзинад!" уагъд æрцæудзæн Анахарсисы номыл Республикон библиотекæйы кæсæн залы 20-21 ноябры. Тренингы темæ уыдзæн – "социалон сферæйы кусджыты профессионалон фæллады профилактикæ".

Ленингор, иунæг сылгоймаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цыппар иунæджы

"Тренингы темæ, куыд сæйрагдæртæй иу, бæлвырд æрцыд 2017 азы августы ацæугæ тымбыл фынджы рæстæджы æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон райрæзты министрады кусджытимæ. СДӔК райста нымадмæ министрады хъуагдзинæдтæ. Алыгъуызон уæрæсейаг тренерты ахуырадон программæты æнхъарæнтæ сахуыр кæнгæйæ, равзæрстам уыдонæй иу – Мæскуыйы цæрджыты фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады департаменты "Цæрджытæн психологон æххуысы Мæскуыйы службæ"-йы", — загъта СДӔК-ы миссийы сæргълæууæг Хуссар Ирыстоны Фаррух Исломов.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, миссийы ныфс ис, социалон хъахъхъæнынады кусджытæн ахæм мадзал кæй баххуыс кæндзæн сæ зын куысты.

Дыууæбонон ахуырты хайад райсдзысты æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон райрæзты министрады æмæ районон администрациты социалон хъахъхъæнынады хайадты 16 кусæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0