ПӔК æрцахста Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны æмбæстаджы

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæЗадержание подозреваемого
Задержание подозреваемого - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Октябры арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой 33 арæнсæттæджы Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæныл

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Цънелисы хъæумæ æввахс 16 ноябры урæд æрцыд Гуырдзыстоны æмбæстаг, кæцы фехæлдта республикæйы паддзахадон арæны режим, хъусын кæны Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæ.

Ленингоры район - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон æрæхгæндзæн йæ арæн Гуырдзыстонимæ

Уагдоны банысан кодтой, æрцахстуæвæг 41-аздзыд Алик Самхарадзе кæй у Гуырдзыстоны Карелы районы Агарайы хъæуы цæрæг.

"Знауыры районон тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, 17 ноябры æрцахстуæвæгыл æвæрд æрцыд административон бæрн ивары хуызы æмæ йæ бафидыны фæстæ феддæдуар æрцыд Гуырдзыстонмæ", — дзырдæуы пресс-службæйы хъусинаджы.

Ведомствæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы аз октябры паддзахадон арæны хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг фадыгыл ахст æрцыд 33 арæнсæттæджы. Уымæй дарддæр ма, 15 адæймаджы ахст æрцыд уадзæн пункт "Ручъы" (УФ-имæ арæныл). Алы цауы фæдыл дæр уагъд цыд равзæрст. Фондз арæнсæттæджы Гуырдзыстонæй феддæдуар æрцыдысты республикæйæ.

Арæнсæтджытæ октябры мæйы паддзахадон къазнæмæ ивары хуызы цы хца бафыстой, уыдон нымæц у 79 мин сомы бæрц.

Ног хабӕртты лентӕ
0