"Лæвар базыртæ": сывæллæттæн æххуысы фонд скуыста Цхинвалы

© Sputnik / Наталья АйриянЦхуырбаты Татьяна
Цхуырбаты Татьяна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фонды куыст здæхт уыдзæн онкологон æмæ уæззау рынчын сывæллæттæн хос кæнынæн фæрæзтæ æмбырд кæнынмæ

ЦХИНВАЛ, 27 ноя — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны фæзынд сывæллæттæн æххуысы хæрзаудæн фонд "Лæвар базыртæ", организацийы презентаци ацæудзæн дыццæджы киноконцертнон зал "Чермен"-ы. Уый тыххæй Sputnikы йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта фонды сæрдар Цхуырбаты Татьяна.

Фонды куыст здæхт уыдзæн онкологон æмæ уæззау рынчын сывæллæттæн хос кæнынæн фæрæзтæ æмбырд кæнынмæ – араздзысты хæрзаудæн мадзæлттæ, фестивальтæ, равдыстытæ æмæ армукатæ.

"Презентацийы билеттæй цы фæрæзтæ æрæмбыр уа, уыдон здæхт æрцæудзысты дыууæ рынчын сывæллонæн схос кæныны нысанæн. Презентацимæ æрбацæуын, фæрæзтæй баххуыс кæнын æмæ концертмæ бакæсыны фадат ис æлкæмæн дæр", — загъта Цхуырбаты Татьяна.

Ӕввахс рæстæджы фонд бакæндзæн организацийы сайт, цы ран бæстонæй фыст æрцæудзæн сæ куыст æмæ се 'ххуысхъуаг чысыл пациентты историтæ.

Фæстæдæр, Татьянайы ныхæстæм гæсгæ, фонд йæ къахыл куы слæууа, уæд фæнд кæнынц æрбакæнын центр, цы ран ныййарджытæн сæ зындзинæдтимæ тох кæнынæн æххуыс кæндзысты психологтæ.

"Ис нæм æххуыс кæныны тых æмæ фæнд. Нæ фонды хæс у баиу кæнын хицæн адæмы, æххуысхъуаг цæрджыты цур балæууыны нысанæн. Мах бузныгæй баззадыстæм президент Бибылты Анатолийæ æмæ бирæ æндæр адæмæй, кæцытæ нын баххуыс кодтой", — загъта фонды сæрдар.

© Sputnik / Наталья АйриянПресс-конференци
Пресс-конференция - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пресс-конференци

Татьянайы ныхæстæм гæгæ, фонд саразыны хъуыды йæм фæзынд цалдæр азы размæ, йе 'мбалæн онкологон низ куы рабæрæг кодтой, уæд.

"Ме ʻмбал хос куы кодта, уыцы рæстæджы онкоцентрты уæвгæйæ, мах уыдтам рынчын сывæллæтты, кæцытæ уыдысты лæмæгъ, сæ сæрыл хъуын нал уыд, бирæтæ сæ нал фервæзтысты. Уæд мах иумæ æруынаффæ кодтам бакæнын фонд, цæмæй æххуыс кæнæм рынчын сывæллæттæн хос кæнынæн. Ацы низ, хъыгагæн, фæтых ис Ирэнайыл, уый йæ цардæй ахицæн февралы. Фонд арæзт æрцыд йæ номыл", — загъта Татьяна.

Хæрзаудæн фонды сæрдар бузныг загъта, йе 'ххуысы къух сæм чи фæдаргъ кодта, уыдонæн се ʻппæтæн дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0