Профессионалон кæлæнгæнджытæ: Цхинвалы бакодтой Митын Дадаты скъола

© Sputnik / Алексей КовалевМитын Дада
Митын Дада - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скъолайы ахуыр цы фæсивæд рацæуой, уыдон архайдзысты республикон Ногазон мадзæлтты

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны культурæйы министрад бакодта Цхинвалы Митын Дадаты скъола. Фæсивæды ногазон бæрæгбоны сæйраг кæлæнгæнæджы дæсныйадыл 5—12 декабры цайдагъ кæндзысты министрады специалисттæ, фехъусын кодта скъолайы организатортæй иу Джиоты Заира.

"Фæсивæды базонгæ кæндзысты хицæн бæстæты Ног азы бæрæгбон нысан кæныны æгъдæуттимæ, цайдагъ сæ кæндзысты сабитимæ ныхас кæныныл, сценæйы арæхстдзинадыл, симгæ кафтытæ, хъазтытæ æмæ конкурстæ уадзыныл. Иудзырдæй, сабитимæ сæрибарæй кусынæн цы хъæуы, уыдæттыл", — загъта уый.

Джиоты Заира ма банысан кодта, скъола йæ куыст кæй райдайдзæн 5 декабры республикон библиотекæйы.

"Къордмæ ист цæуы 30 Митын Дадайы бæрц, сæйраг у, цæмæй лæппутæ уой курдиатджын, хуыз æмæ асы домæн сæм нæй. Уыдон ахуыры фæстæ райсдзысты сертификаттæ куысты баримæ дыууæ азы æмгъуыдмæ", — загъта Джиоты Заира.

Скъолайы организатор ма фехъусын кодта, ахуыр цы Митын Дадатæ рацæуон, уыдон кæй архайдзысты республикон Наз бæласы мадзæлтты Цхинвалы Театралон фæзуаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0