Цхинвалы æрсиддонтæ фæнадтой сæ æмслужбæгæнæджы

© страница ‎Игоря Чочиты‎ в сети facebookЦхинвалы æрсиддонтæ фæнадтой сæ æмслужбæгæнæджы
Цхинвалы æрсиддонтæ фæнадтой сæ æмслужбæгæнæджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры хъахъхъæнынады министрад хъавы саразын официалон хъусинаг цауы фæдыл

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik. Æрсиддон Чилæхсаты Аланы æфсæддон хайы фæнадтой йе 'мкусджытæ. Цауы фæстиуæгæн лæппуйы бахъуыд уæззау операци, фæлæ йе 'нæниздзинадæн нырма ис тас.

Цауы тыххæй ныффыста зианбаййафæджы мад Коцты Олеся йæ фарсыл социалон хыз Facebook-ы. Уый бахатыд президентмæ, цæмæй азымджынтæ æрцæуой æфхæрд.

"Мæ фырт Чилæхсаты Аланы фæнадта йе 'мкусджыты къорд сæ хистæр Гурамы хæслæвæрдмæ гæсгæ. Уымæн арæзт æрцыд операци, фæлæ кæронмæ дзæбæх нæу", — ныффыста йæ мад.

Уый ма банысан кодта, фадат ын кæй нæй йæ лæппуйы хоскæнынмæ арвитынæн. Йæ фырт рынчын цы рæстæг у, уый сæ фæрсгæ дæр ничи бакодта йæ уавæры тыххæй. Коцты Олеся ма радзырдта, йæ фырты йын гæнæн кæй ис фæазым кæной æвастæй службæйæ рацæуыны хъуыддаджы.

"Кæм агурæм рæстдзинад, Анатолий Ильяйы фырт, кæд сымахæй фехъусиккам исты хатдзæг. Кæдмæ уыдзæн афтæ? Ныфс дарын, уый фарстæй нæ баззайдзæн!!!", — фыссы мад.

Æрцæугæ цау бæстонæй бæрæг нæма у. Хуссар Иры хъахъхъæнынады министрад хъавы саразын официалон хъусинаг цауы фæдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0