Къæбысты Георгийы ахæст адарддæр кодтой ноджы дыууæ мæйы

Рафыссын
Адвокаттæ фæнд кæнынц бахæссын хъаст Уæлдæр тæрхондонмæ

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik, Козаты Диана. Тæрхондон адарддæр кодта ноджы дыууæ мæйы æмгъуыдмæ Хуссар Ирыстоны бастдзинады комитеты раздæры сæрдар Къæбысты Георгийы ахæст, журналистты тæрхондоны рабадтмæ нæ бауагътой.

"Къæбысты Георгийы ахæсты санкци адæрддæр кодтой ноджы дыууæ мæйы æмгъуыдмæ, суанг 7 февральмæ. Бамбарын æй кодтой афтæ — ома уый гæнæн ис бамбæхса, науæд та бахъыгдара рæстдзинад сбæлвырд кæнын", — ныффыста социалон хызæг Facebook-ы Къæбысты Георгийы фарсхæцджыты къорды йæ бинойнаг Зæринæ.

Уый радзырдта Sputnik, рабадты Къæбысты Георгийæн йæ азым цæмæй бæлвырд кæны, ахæмæй кæй ницы бавдыстой, ног æвдисæнтæ дæр дзы нæй. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, экс-министры адвокаттӕ хъавынц бахъаст кӕнын тӕрхондоны ацы уынаффӕйыл.

Генералон прокурон Дзæгъиаты Уырызмæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры генпрокурор радзырдта, цæй мидæг аххосджын кæнынц Къæбысты Георгийы

"Ногӕй та бадӕтдзыстӕм аппеляцимӕ. Уый гӕнӕн ис мӕ мацы фӕива, фӕлӕ спайда кӕндзыстӕм ацы фадатӕй", — загъта уый.

Къæбысты Георгийы ӕрцахстой 7 ноябры 48 сахатмæ, фæлæ фæстæдæр Цхинвалы горæттаг тæрхондон рахаста уынаффæ уымæн йæ ахæст ноджы иу мæй адарддæр кæныны фæдыл. Прокуратурæ бакодта Къӕбысы фырты ныхмӕ уголовон хъуыддаг "кусæгон барты сæрты ахизыны" статьямæ гæсгæ.

Раздӕр генералон прокурор фехъусын кодта, Къӕбысты Георгий ахст кӕй ӕрцыд экономикон фыдракӕндтӕ саразыны тыххӕй ӕмӕ ацы хъуыддагӕн кӕй нӕй политикон бындур.

Ног хабӕртты лентӕ
0