Премьер: хъæуы ногæй æркæсын зæххы арендæйы æргътæм

Рабадт хицауады сæрдармæ
Рабадт хицауады сæрдармæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зæххы арендатортæ пайда кæнынц чысыл æргътæй сæхи пайдайæн, фиддонтæй сæхи бааууонгæнгæйæ

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik. Хицауады сæрдар Пухаты Эрик ауагъта æмбырд зæххы фадгуыты арендæйы æргътæ раивыны фæдыл, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.

Паддзахадон исады комитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 1квадратон метр зæххы арендæ мæйы мидæг лæууы 10-75 капеччы. Экономикон райрæзты министры хæдивæг Козаты Роины ныхæстæм гæсгæ, арендатортæ уавæрæй пайда кæнгæйæ радтынц зæхх субарендæйы стыр æргътыл, афтæмæй та хъалонтæ дæр нæ фидынц бюджетмæ.

"Ацы ныллæг æргътимæ махмæ схæццæ ис уавæр. Арендатортæ сæхи пайдайæн архайынц ацы уавæры, афтмæй та паддзахадон казнæ рацух вæййы ахадгæ фæрæзтæй",- загъта Козаты Роин.

Хицауады сæрдар Пухаты Эрик банысан кодта зæххы арендæйы æргътæм ногæй æркæсыны, афтæ ма дæрддзæф районты цæрджытæн арендон ставкæ аивыны æнæмæнгхъæуæгдзинад.

"Зæхх хъæуы дæттын, чи йыл кусы, уыцы адæмæн. Арендатортæ та хъуамæ фидой сфидаргонд ставкæтæм гæсгæ", — загъта хицауады сæрдар.

Хицауады уæнгтæ ма æруынаффæ кодтой, æрдзон ресурстæ цы зæххы фадгуытыл ис, уыдон хисæрмагонд арендæйæ райсыны фарстыл дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0