Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр ӕрдзырдта сферӕ раног кӕныны фадӕттыл

Рафыссын
Тотчиты Георгий банысан кодта Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады къабазы сӕйрагдӕр проблемӕ ӕмӕ ӕрдзырдта йӕ аскъуыддзаг кӕныны фадӕттыл

ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik, Уалыты Диана. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад бакӕндзӕн сӕрмагонд программӕ медицинон кусджыты квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны фӕдыл, радзырдта ведомствӕйы сӕргълӕууӕг Тотчиты Георгий йӕ пресс-конференцийы Sputnik-ы.

"Абоны бон кӕцыдӕр фӕдыздӕхтты дохтырты профессионалон цӕттӕдзинад ӕмбӕлон ӕмвӕзадыл нӕй. Уый хынцгӕйӕ, мах уадздзыстӕм мадзӕлттӕ, кӕцытӕ здӕхт уыдзысты дохтырты квалификаци бынаты ӕбӕрзонддӕр кӕнынмӕ", — загъта уый.

Министр ма банысан кодта, Хуссар Ирыстонмӕ кӕй ӕрцӕуынц фӕлтӕрдджын специалисттӕ Уӕрӕсейы Федерацийӕ, кӕцытӕ цӕттӕ сты баххуыс кӕнын бынӕттон коллегӕтӕн сӕ куысты.

УФ-йы президент В.Путин æмæ РХИ президент Бибылты Анатолийы фембæлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий радзырдта Путинимæ бадзырдты тыххæй медицинæйы къабазы

"Уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ бадзырд нын фадат дӕтты бакӕнын медицинон кусджыты квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны программӕ куысты бынаты", — бахахх кодта Тотчиты Георгий.

Уый ма банысан кодта, цӕрджыты рдыгӕй дохтыртӕм кӕй ис негативон ахаст, уый та, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бирӕбӕрцӕй у ӕнӕбындур ӕмӕ ӕнӕрастдзинад.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр ма радзырдта, кадрон резерв гъӕдджынӕй баххӕст кӕныны тыххӕй ма арӕзт кӕй ӕрцыд дӕсниӕдты номхыгъд, кӕцымӕ гӕсгӕ дарддӕр дих цӕудзысты квотӕтӕ ахуырмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0