Хуссарирыстойнаг сабитӕ ацӕудзысты Кремлаг назмӕ

© Sputnik / Евгения Новоженина /  Ахизын медиабанкмæКремлаг наз
Кремлаг наз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скъоладзаутӕ Хуссар Ирыстонӕй ацӕудзысты Кремлаг назмӕ 25 декабры, Мӕскуыйы уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы хъӕзныг культурон-хиирхӕфсӕн программӕ

ЦХИНВАЛ, 19 дек — Sputnik. Уӕрӕсейы сӕйраг ногазон мадзалмӕ Хуссар Ирыстонӕй ацӕудзӕн 13 скъоладзауы. Ӕппӕтуӕрӕсейон наз бакӕндзысты 26 декабры.

"Кремлаг назмӕ ацӕудзысты сабитӕ 11-13 азы кары. Уыдон сты ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕттӕ, сидзӕртӕ, афтӕ ма активисттӕ ӕмӕ фӕндзтыл чи ахуыр кӕны, уыдон", — загъта Sputnik ахуырады министрады кусӕг Буджиты Замира.

Митын Дада - Sputnik Хуссар Ирыстон
Профессионалон кæлæнгæнджытæ: Цхинвалы бакодтой Митын Дадаты скъола

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Мӕскуыйы скъоладзаутӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы хъӕзныг культурон-хиирхӕфсӕн программӕ.

"25 декабры уыдон акӕндзысты Мӕскуыйаг планетариймӕ, 26 декабры уыдзӕн Ӕппӕтуӕрӕсейон назы ӕрбаконд, уый фӕстӕ та сабитӕн сараздзысты экскурси "Мосфильм"-мӕ", — загъта Буджиты Замира.

Хуссарирыстойнаг сывӕллӕттӕ ӕрвылаз дӕр райсынц хайад Кремлы ногазон мадзӕлтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0