Хуссар Ирыстоны дуканитæй иуæй адавтой 200 мин сомы бæрц

© Sputnik / Ада БагианДукани Цхинвалы
Дукани Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхъахъхъæнджытæ уадзынц равзæрст егъау хуыснæджы факты фæдыл

ЦХИНВАЛ, 19 дек — Sputnik. Хуссар ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) кусджытæ уадзынц равзæрст республикæйы Дзауы районы дуканитæй иуæй хуыснæгджы цауы фæдыл, фыдвæндгæнджытæ басастой дукани æмæ дзы ахастой 200 мин сомы бæрц базайраг, хъусын кæны барадхъахъхъæнæг ведомствæйы пресс-службæ.

"Дзауы районы Мсхлебы хъæуы цæрæджы дуканийæ 17 декабры баконд æрцыд тыхсастимæ хуыснæг æмæ дзы ахастой алыгъуызон базайраг. Бакондæуыд 200 мин сомы бæрц зиан. Цæуы равзæрст", — дзырдæуы хъусинаджы.

МХМ-ы банысан кодтой, ивгъуыд къуыри республикæйы территорийыл регистраци кæй æрцыд фондз фыдракæнды, уыдонæй цыппар æрцыдысты райхæлд.

Ног хабӕртты лентӕ
0