Хуссар Иры нымайынц, Гуырдзыстон кæй сæххæст кæндзæн ОБСЕ-ы эксперты рекомендацитæ

© Пресс-служба МККК в Южной Осетии Хуссар Иры нымайынц, Гуырдзыстон кæй сæххæст кæндзæн ОБСЕ-ы эксперты рекомендацитæ
Хуссар Иры нымайынц, Гуырдзыстон кæй сæххæст кæндзæн ОБСЕ-ы эксперты рекомендацитæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уголовон равзæрстты фæдыл ОБСЕ-ы хæдбар эксперт Душан Игньятович кусы, Хуссар Ирыстоны цæрджытæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт сбæлвырд кæныныл

ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik, Козаты Диана. Фæсконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фæдыл Хуссар Ирыстоны президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт æруынаффæ кодта ОБСЕ-ы хæдбар эксперт Душан Игньтовичимæ æбæрæгæй фесæфæг æмбæстæгты ссарыны фарстытыл, фехъусын кодтой æххæстбарджын минæвары аппараты.

Ӕбæрæгæй фесæфæг адæмы хъысмæт сбæлвырд кæныны нысанæн фембæлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
СДӔК ауадздзæн скъæхтытæ æбæрæгæй фесæфджыты хъысмæт сбæлвырд кæныны нысанæн

Хуссар Ирыстоны цæрджытæй 2008 азы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт сбæрæг кæныны тыххæй ОБСЕ æрбахуыдта уголовон равзӕрстыты фӕдыл хæдбар эксперт Душан Игньятовичы.

Игньятович йæ куыстмæ æрæвнæлдта 2015 азы октябры æмæ цалдӕр мӕйы фӕстӕ æрбавдыста йæ рекомендацитæ. Фӕлӕ ныры онг дӕр Гуырдзыстоны къухдариуӕгад йӕ хӕсыл нӕ банымадта ацы рекомендацитӕ сӕххӕст кӕнын ӕмӕ ОБСЕ банымадта ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл эксперты куыст адарддӕр кӕнын.

"Фембӕлды рӕстӕджы алчидæр райгондæй баззад Душан Игньятовичы мандат адарддæр кæнынæй. Джиоты Мурæт ын бузныг зæгъы ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы хъысмӕт сбӕрӕг кӕныны фӕдыл цы куыст кӕны, уый тыххæй æмæ æвæры ныфс, Гуырдзыстоны æмбæлон хицæуттæ хъусдардмæ кæй айсдзысты æмæ кæй сæххæст кæндзысты йæ рекомендацитæ", — фехъусын кодтой аппараты.

Фембæлды рæстæджы банысан æрцыд, æбæрæгæй фесæфæг адæмы хъысмæт рафæлгъауыны фарст кæй у Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадæн иууыл приоритетонтæй иу æмæ уый ратдзæн стыр æхцайы аразæггаг сæ бынаты фæдыл информацийы тыххæй.

ОБСЕ-йы минæвар: Гуырдзыстон баххуыс кæндзӕн æбæрæгæй сæфт РХИ æмбæстæгты агурынӕн

Уыцы бон ма Игньятович фембæлд æбæрæгæй фесæфæгыл нымад цы æмбæстæгтæ сты, уыдон хæстæджытимæ.

Амæй размæ женеваг дискусситы æмсæрдар Евроцæдисæй Тойво Клаар загъта, Игньятович ныридæгæн кæй бацæттæ кодта цалдæр хыгъды бакæнгæ куысты тыххæй.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй ӕбӕрӕгӕй чи фесæфт, уыдон хъысмæты тыххæй исты базоныны фӕдыл куыст райдыдта 2010 азы. Эксперттæ уæд куыд рабæрæг кодтой, афтӕмӕй æртæ хуссарирыстойнаг æмбæстаджы — Хуыгаты Алан, Хацырты Алан æмæ Плиты Солтан — 2008 азы адавды фæстæ цавæрдæр рæстæг уыдысты гуырдзиаг тыхон структурæты къухты, фæлæ сæ дарддæры хъысмæт у æбæрæг.

Ныртæккæ æбæрæгæй фесæфæгыл нымад сты нæ республикæйы æмбæстæгтæй сæдæйæ фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0