Хуссар Ирыстоны милици фехъусын кодта фыдракæндты фæкъаддæры тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянМХМ
МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдракæндты нымæц фæкъаддæр кæнынæн ахъаз уыдысты резонансон фыдракæндты райхæлд æмæ МХМ-ы ног къухдариуæгады позици, банысан кодтой ведомствæйы минæвæрттæ

ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд аз регистрацигонд æрцыд 190 фыдракæнды, уыдонæй 150 æрцыдысты райхæлд, загъта пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы МХМ-ы криминалон милицийы сæргълæууæг Цхуырбаты Андрей.

РХИ мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мидхъуыддæгты министр радзырдта дисциплинæйы тыххæй куыстæй сисыны цаутыл

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыдракæндты нымæц кæны къаддæр æмæ, фароны азимæ абаргæйæ, фыдракæндты райхæлды нымæцы процент та чысыл фæфылдæр. 2016 азы ацы цифрæтæ уыдысты — 231, уыдонæй 179 æрцыдысты райхæлд.

"Ацы аз нын бантыст фыдракæндты нымæц 33 иуæджы бæрц фæкъаддæр кæнын. Сæ райхæлд та фæфылдæр 1,5 проценты бæрц", — загъта Цхуырбаты Андрей.

Михъуыддæгты министры хæдивæг Кокойты Тарзан зæрдыл æрлæууын кодта, ацы аз нæ республикæйы цы резонансон фыдракæндтæ арæзт æрцыдысты, уыдон.

"Уыдон арæзта иу къорд, сæ сæргълæууæг у ахст, йæ æмархайджыты йын агурæм. Уый æрцахстимæ мах раргом кодтам ноджы дæс ахæм фыдракæнды", — загъта Кокойты Тарзан.

Криминалон милицийы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ацы цаутæ æрбангом кодтой МХМ-ы кусджыты, уый фæрцы та барадхъаъхъæнæг органты куыст бæрæг фæхуыздæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0