Транскам бакæндзысты изæры, кæд мит ногæй уарын нæ райдайа

© Пресс-служба МЧС РЮО Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Трассæйыл сæвзæргæ уавæрыл уынаффæ цыд Хуссар Ирыстоны премьер-министрмæ цы æмбырд уагъд æрцыд, уым

ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik. Транскамы автомагистралы хуссарирыстойнаг фадыг у сыгъдæг митæй, цæгатварс ацы куыстытæм æрæвнæлдтой æрмæстдæр къуырисæры, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны УУМ-ы сæргълæууæджы хæдивæг Бестауты Ацæмæз республикæйы премьермæ æмбырды рæстæджы.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны нырма дæр нæй рухс æмæ æддагон дунеимæ бастдзинад

"Иууыл оптимистон прогнозтæм гæсгæ, ис гæнæн æмæ изæрмæ иууылдæр куыстытæ фæуой, кæд æмæ та мит уарын нæ райдайа", — хъусын кæны Бестауты Ацæмæзы ныхæстæ хицауады пресс-службæ.

Транскавказаг автомагистраль, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы, сабатæй фæстæмæ у æхгæд, тыхджын митуард æмæ зæйтæ æрцæуыны тасы аххосагæй.

Цæгат Ирыстоны УУМ-ы информацимæ гæсгæ, Транскаммæ æввахс къулдымтыл миты æмбæрзæны бæрзæнд иу метрæй фылдæр кæй у, уый ссис зæйты æрцыды аххосаг. Зæйты ныхмæ службæтæ сæхи цæттæ кæнынц боны дæргъы зæйтæй æрцæуынæй тæссаг бынæттæ æхсынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0