Хуссар Ир ракуырдта æххуыс Уæрæсейæ электрохаххыл авари аиуварс кæнынæн

© Sputnik / Артем Креминский /  Ахизын медиабанкмæОбесточенные высоковольтные линии
Обесточенные высоковольтные линии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Электрохызæджы хаххыл нырма ис бирæ кусинаг, хатдзæгтæ уыдзысты иууыл тагъд дыццæджы

ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Пухаты Эрик ракуырдта Уæрæсейы УУМ-æй вертолет Дзомагъы комы электрохызæджы хаххы аваритæ аиуварс кæнынæн.

Электрохахх - Sputnik Хуссар Ирыстон
УУМ: ссардтой электрохаххы скъуыд Дзомагъгомы

Энергоифтонагд Хуссар Ирыстоны территорийыл ахицæн сабаты стыр митуардты аххосæй. "Энергоресурс"-ы информацимæ гæсгæ, иуварс æрцыдысты æртæ аварийы.

Пухаты Эрикы ныхæстæм гæсгæ, аннæ аваритæ сбæлвырд кæнынæн хъæуы схизын Дзомагъы коммæ, фæлæ фæндаг у зынвадат.

"Электрохызæджы хаххыл ис бирæ скъуыдтæ, ныууарыд стыр мит, йæ уæзæй скъуыйынц телтæ. Мах ракуырдтам вертолет ацы бынат басгарынæн", — хъусын кæны Пухаты Эрикы ныхæстæ ПТРК "Ир".

Хуссар Ирыстоны УУМ фехъусын кодта, электрохызæджы линийыл ссардтой ног авари, фæндагæй 4 километр дæрддзæф Дзомагъы комы. Электрохызæджы хаххыл нырма ис бирæ кусинаг, хатдзæгтæ уыдзысты иууыл тагъд дыццæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0