Хуссар Ирыстоны президент ацыд электрохызæджы аварийы бынатмæ

© Sputnik / Макс Ветров /  Ахизын медиабанкмæМид
Мид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий нывæнды уавæрæн бынаты саргъ кæнын

ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik, Уалыты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий абалц Дзомагъгоммæ, цы ран дарддæр цæуынц куыстытæ электрохызæгыл аварийы фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл, фехъусын кодта Sputnik паддзахады сæргълæууæджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

"Балцы размæ президент райсом раджы ауагъта æмбырд энергетиктæ, тыхон структурæтæ æмæ фæндагон службæты минæвæрттæн, æрæвæрдта сын сæ разы хæс, цæмæй куыд тагъддæрæй аиуварс кæной электрохызæджы аварийы фæстиуджытæ æмæ баххуыс кæной социалон нысаниуæгджын ведомствæтæн. Фембæлды фæстæ Бибылты Анатолий ацыд аварийы бынатмæ Дзомагъгоммæ, цæмæй бынаты саргъ кæна уавæрæн", — загъта Гасситы Дина.

Уымæй дарддæр ма, æмбырды фæстæ аварийы бынатмæ араст ис ирвæзынгæнджыты къорд.

Ӕртæ бон æнæрухсæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕртæ бон æнæрухсæй: куыд æмæ кæд аскъуыддзаг уыдзæн проблемæ

"Цалцæггæнджытæн сæвæрдтой цатыр пецимæ, уыдон ифтонг сты тæвд хæринагæй. Райсомæй ма ацыд машинæ хæрдимæ электриктæн æмæ Транскамы æрбайгоммæ цы машинæтæ æнхъæлмæ кæсынц, уыдонæн", — радзырдта УУМ-ы сæргълæууæджы хæдивæг Бестауты Ацæмæз.

Уый банысан кодта, дарддæр агуырд кæй цæуынц электрохызæджы хаххыл фескъуыды бынæттæ. Куыддæр боныгъæд фадат радта, афтæ Уæрæсейы УУМ рарвитдзæн вертолет электрохаххы дарддæры басгæрсты тыххæй.

Электроифтонгад Хуссар Ирыстоны æппæт территорийыл ахицæн сабаты тыхджын митуарды тыххæй, кæцы бакодта зиан электрохызæджы хаххæн. "Энергоресурс"-ы информацимæ гæсгæ, ныридæгæн цалцæггонд æрцыдысты электрохаххыл æртæ скъуыды.

Ног хабӕртты лентӕ
0