Хуссар Иры УУМ-ы сæргълæууæг уыд Донецкы

© пресс-служба МЧС РЮОГлава МЧС Южной Осетии с коллегой из ДНР
Глава МЧС Южной Осетии с коллегой из ДНР - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ДАР-мæ кусæгон визиты фæлгæтты министр фембæлд йæ коллегæ Алексей Кострубицкийимæ

ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны УУМ-ы сæргълæууæг Тадтаты Алан райста хайад Ирвæзынгæнæджы боны цытæн нывонд бæрæгбонон мадзæлтты Донецкаг адæмон республикæйы. Визиты фæлгæтты Тадтаты Алан фембæлд йæ коллегæ Алексей Кострубицкийимæ.

Награждение спасателей Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры УУМ-ы ирвæзынгæнджыты схорзæхджын кодтой майдантæй

Цытджын концерты рæстæджы Тадтаты Алан æрсидт ирвæзынгæнджытæм арфæйы ныхасимæ Хуссар Иры президент Бибылты Анатолийы номæй.

"Президент Бибылты Анатолий æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын æмбæстагон хъахъхъæнынад æмæ уæлвæткон уавæрты фæдыл министрады хисæрмагонд скондæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Куыд сымах афтæ, Хуссар Ирыстоны адæм дæр рацыдысты хæсты хъизæмæрттæ", — загъта уый.

Тадтаты Алан бафтыдта, Хуссар Ирыстоны адæм тынг хорз кæй æмбарынц, сæ донецкаг коллегæтæм кæй æрхауд уæззау хæслæвæрд – адæймаджы цард ирвæзын кæнын æнæрлæугæ æхсты, провокацитæ æмæ хæстон архæйдтыты уавæрты æмæ равдыста ныфс, уыдон æнтыстджынæй кæй сæххæст кæндзысты ацы хæслæвæрд æмæ дарддæр дæр уыдзысты ныфсы мæсыг сæ адæмæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0