Хуссар Иры æрцахстой нæлгоймаджы, кæцы фæнадта йе 'мкъайы сывæллоны

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæРæстæгмæдарæн изолятор
Рæстæгмæдарæн изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чысиаты Роберт фæнадта йе 'мбæстагон цардæмбалы сывæллоны æмæ цалдæр бон йæхи аууон кодта барадхъахъхъæнæг органтæй

ЦХИНВАЛ 9 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ æрцахстой 22-аздзыд Чысиаты Роберты, кæцымæ зæрдæ æхсайы йе 'мбæстагон цардæмбалы æнахъом сывæллоны фæнæмынмæ, фехъусын кодтой Sputnik МХМ-ы.

"Ӕрцахстуæвæг фæнадта йе 'мбæстагон усы æнахъом сывæллоны. Нады фæдтæ сты банысангонд. Ныртæккæ уый ис рæстæгмæдарæн изоляторы", — загътой уагдоны.

МХМ-ы банысан кодтой, Чысиаты Роберт кæй райгуырд Цхинвалы районы Хелцуайы хъæуы, уый ма раздæр дæр азым кодтой давыны хъуыддаджы.

Гуфта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны цæрæн вагоны ссардтой сылгоймаджы мард буар

Роберт сывæллоны фæнæмыны фæстæ йæхи бааууон кодта, мад – Кобаладзе Лейла та цалдæр хатт фæдзырдта "Тагъд æххуысмæ". "Тагъд æххуысы" районон станцы дохтырты ныхæстæм гæсгæ, сылгоймг нæ разы кодта госпитализацийыл.

"Лейлайæн банысан кодтам бæрзонд артериалон æлхъывд æмæ буары бæрзонд температурæ. Уый дзырдта, æвгъæдджын кæй у раг æмгъуыдтыл. Фæлæ рынчындоны схуыссыныл нæ разы кодта", — радзырдтой дохтыртæ.

Сылгоймаг амард æртыккаг январы. Эксперты хатдзæджы дзырдæуы, амæлæтты аххосаг кæй ссисты зæрдæйы низ æмæ рæуджыты рæсыд, куыд пневмонийы фæстиуæг.

Æрыгон сылгоймагæн баззад цыппар сывæллоны. Хистæр æртæйы акодтой хъомыл кæнынмæ сæ фыд æмæ нана. Цыппæрæм сабийы – Чысиаты Роберты 1,5-аздзыд сывæллоны — æвджиды органты акæндзысты Ленингоры сывæллæтты хæдзармæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0