Хуссар Ирыстоны иуварс кæнынц аваритæ хъæуккон электрохызæгтыл

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæЭлектрохызæг
Электрохызæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хицауад фыццах хатт ацы аз æрæмбырд рауæрæхгонд рабадтмæ

ЦХИНВАЛ, 9 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар Пухаты Эрик бахæс кодта цыбыр æмгъуыдмæ сæндидзын кæнын электроифтонгад дыууæ дæрддзæф хъæумæ, кæцытæ аззадысты æнæ рухсæй тыхджын митуарды аххосæй ивгъуыд азы кæрон.

"Энергоресурс"-ы директор Гæбæраты Аланы ныхæстæм гæсгæ, электроифтонгад сæндидзын кодтой алы хъæумæ дæр, Эрцъо æмæ Замтаретæй дарддæр.

"Ис нæм техникæ æмæ авари аиварс кæнынæн цыдæриддæн хъæуы, уыдон. Райсоммæ электроифтонгадимæ проблемæтæ иууылдæр æрцæудзысты скъуыддзаг", — загъта Алан.

Рабадтыл ма уынаффæ кодтой хъæутæм фæндагон бастдзинадимæ проблемæтыл, кæцытæ рæстæгыл сыгъдæг нæ цæуынц техникæйы хъуагдзинады тыххæй. Дзауы районы сæргълæууæг Макъоты Уырызмæг куыд банысан кодта, афтæмæй техникæ ракурынц "Дорэкспострой"-йæ, науæд та хицæн адæмæй.

Миты аххосагæй ма фæлæмæгъдæр телеуынынады сигналы гъæд дæр.

Премьер банысан кодта, æввахсдæр дыууæ мæй зымæг нырма йæхи кæй равдисдзæн, уымæ гæсгæ районты администрацитæ æмæ ирвæзынгæнæн службæтæ хъуамæ цæттæ уой æнæштатон уавæртæ оперативон æгъдауæй иуварс кæнынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0