Ссыгъд "Лига чемпионов": Цхинвалы ахуыссын кодтой зынгсирвæзт

© Sputnik / Наталья АйриянХæрæндон "Лига чемпионов"
Хæрæндон Лига чемпионов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгсирвæзт æрцыд æртыццæджы райсомæй цыбыр ныдзæвды аххосагæй, уый фæстиуæгæн басыгъд уазæгдоны номыртæй иу

ЦХИНВАЛ, 10 янв— Sputnik. Цхинвалы, уазæгдон "Лига чемпионов"-ы номыртæй иу басыгъд цыбыр ныдзæвды аххосагæй, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны УУМ-ы пресс-службæйы.

Уазæгдон "Лига чемпионов" ис æвæрд иу бæстыхайы ресторанимæ, кæцы у тынг популярон Хуссар Ирыстоны столицæйы цæрджыты æмæ уазджыты æхсæн.

Ссыгъд æрцыд æртыццæджы райсомæй цыбыр ныдзæвды аххосагæй, уый фæстиуæгæн басыгъд уазæгдоны номыртæй иу, банысан кодтой УУМ-ы.

Уазæгдоны администрацийы куыд банысан кодтой, афтæмæй артæфтыд бантыст тагъд ахуыссын кæнын æмæ зынг нæ ахызт сыхаг бæстыхæйттæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0