Хуссар Ир æмæ Сербаг Республикæ бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ир æмæ Сербаг Республикæ бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд
Хуссар Ир æмæ Сербаг Республикæ бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Документ бафыст æрцыд Баня-Лукайы Хуссар Ирыстоны президенты визиты фæлгæтты Сербаг республикæмæ

ЦХИНВАЛ, 10 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Сербаг Республикæ бафыстой бадзырд æмгуыстады фæдыл, фехъусын кодта æртыццæджы президенты пресс-службæ.

Бибылты Анатолий ныццыд официалон визитимæ Сербаг Республикæмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий ныццыд официалон визитимæ Сербаг Республикæмæ

Документы бын къухфысттæ сæвæрдтой фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий æмæ экономикон ахастыты æмæ регионалон æмгуыстады фæдыл министр Златан Клокич.

Бафыстгонд документмæ гæсгæ, дыууæ паддзахадты æхсæн æмгуыстад уыдзæн ахæм къабæзты, куыд экономикæ, сæрмагондæй хъæууон хæдзарад, спорт, туризм æмæ æндæр къабæзты.

Ӕмгуыстад срæвдз кæныны æмæ сразыдзинад реализаци кæныны тыххæй арæзт æрцæудзæн кусæгон къорд, кæцыйы скондмæ бацæудзысты дыууæ бæстæты минæвæрттæ.

Абон ма Баня-Лукайы хуссарирыстойнаг парти "Иугонд Ирыстон" æмæ Хæдбар социал-демократты цæдисы æхсæн бафыст æрцыд æмгуыстады фæдыл сразыдзинад.

Бибылты Анатолий æмæ Мирослав Додикы официалон фембæлды рæстæджы банысан æрцыдысты дыууæ республикæты æхсæн алыварсон ахастыты размæцыды фæндтæ.

"Бафыстгонд документтæ дæттынц бындур дарддæры куыстæн. Нæ фембæлды фæстæ æмгуыстад райсдзæн ног нывæзт, ног импульс конкретон ахастыты æндæр æмæ æндæр хуызтæн", — загъта Сербаг Республикæйы президент Мирослав Додик.

Бибылты Анатолий фехъусын кодта, Сербаг Республикæмæ йæ визит кæй уыд баст, фарон июны Санкт-Петербурджы республикæты паддзахæдты сæргълæуджытæн цы бадзырдтæ бантыст саразын, уыдонимæ.

"Не ′махастыты размæцыдæн цы фадæттæ ис, уыдон сты уæрæх æмæ мах нывæндæм кусын алыхуызон фæдыздæхтты", — загъта Бибылты Анатолий.

Хуссар Ир æмæ Сербаг Республикæ бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд
Визит президента Южной Осетии в Республику Сербскую  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир æмæ Сербаг Республикæ бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд

Президент фехъусын кодта йæ коллегæйæн, кæй нывæнды снысан кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвары Сербаг Республикæйы æмгуыстад кæныны егъаудæр динамикæйы фæдыл.

"Мах фæнды, цæмæй Уалыты Гела уа ам Хуссар Ирыстоны минæвар. Уый йæхæдæг у Хуссар Ирыстонæй, зоны Сербаг Республикæ, ам уымæн ис бирæ æмгæрттæ æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый суыдзæн хорз æхсæнылæг нæ ахастыты", — банысан кодта Додик.

Уый фæхуыдта Милорады Додикы Хуссар Ирыстонмæ 2018 азы августы, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы датæйыл 10 азы сæххæсты цытæн нывонд мадзæлттæм.

Бибылты Анатолий ис официалон визитимæ Сербаг Республикæйы. 9 январы уый райста хайад Сербаг Республикæйы Боны цытæн нывонд бæрæгбонон мадзæлтты. Паддзахады сæргълæууæг хайад райста цытджын литургийы, кæцы ауагъта Патриарх Сербаг Ириней, уый фæстæ та – парады. Сербаг Республикæмæ визит адарддæр уыдзæн 13 январы онг.

Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды сты РХИ президенты администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий æмæ РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Уалыты Гела.

Ног хабӕртты лентӕ
0