Хуссар Ирыстон снысан кодта йæ минæвары Сербаг Республикæйы

Рафыссын
Снысан кæныны тыххæй бадзырд ссис Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ Сербаг Республикæйы президент Милорад Додичы фембæлды фæстиуджытæй иу

ЦХИНВАЛ, 12 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Уалыты Гела нысан æрцыд РХИ-ы минæварæй Сербаг Республикæйы, хъусын кæны æддагполитикон ведомствæйы пресс-службæ.

Хуссар Ир æмæ Сербаг Республикæ бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир æмæ Сербаг Республикæ бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд

Снысаны тыххæй бадзырд бантыст Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы официалон визиты рæстæджы Сербаг Республикæмæ.

ФХМ-ы банысан кодтой, ацы снысан ахъаз кæй уыдзæн дыууæварсон æмгуыстад срæвдз кæнынæн, фыццаг рады, гуманитарон æмæ культурон къабæзты.

Бибылты Анатолий ис официалон визитимæ Сербаг Республикæйы. 9 январы уый райста хайад Сербаг Республикæйы Боны цытæн нывонд бæрæгбонон мадзæлтты. Паддзахады сæргълæууæг хайад райста цытджын литургийы, кæцы ауагъта Патриарх Сербаг Ириней, уый фæстæ та – парады. Сербаг Республикæмæ визит адарддæр уыдзæн 13 январы онг.

Бибылты Анатолий дидинтæ сæвæрдта Виталий Чуркины цыртыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент: Виталий Чуркин тох кодта рæстдзинад æмæ Хуссар Иры бартыл

Дыккаг бон Баня-Лукайы Бибылты Анатолий фембæлд СР-йы президент Милорад Додикимæ. Уыцы бон бафыст æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Сербаг Республикæйы æхсæн æмгуыстады фæдыл документ. Документы бын къухфысттæ сæвæрдтой фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий æмæ экономикон ахастыты æмæ регионалон æмгуыстады фæдыл министр Златан Клокич.

Визит Сербаг Республикæмæ адарддæр уыдзæн 13 январы онг.

Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды сты РХИ президенты администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий æмæ РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Уалыты Гела.

Ног хабӕртты лентӕ
0